Бакуыстой йыл Уæрæсейы арæзтады министрад, ахуырады архайды компетенциты Центр æмæ Уæрæсейы арæзтады министрады кусджытæй æххæст кæныны центр
Дзæуджыхъæуы байгом форум «Æрыгон специалист – фидæн аразæг». Бакуыстой йыл Уæрæсейы арæзтады министрад, ахуырады архайды компетенциты Центр æмæ Уæрæсейы арæзтады министрады кусджытæй æххæст кæныны центр. Пресс-конференцийы форумы нысанты тыххæй радзырдтой республикæйы арæзтады æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Бетанты Марат æмæ Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты ректор Хъамболты Дзамболат. Мадзал хорз фадат у студенттæн æмæ скъоладзаутæн арæзтадон къабазы эксперттимæ æмæ куыстдæттæг организациты минæвæрттимæ æргом ныхас кæнынæн. Йæ сæйраг хæс у – æрыгон специалистты æргом дæсныйадмæ здахын æмæ арæзтадон къабаз кусджытæй æххæст кæнын.