филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:38 пятница, 17 мая 2024
22 февраля 2022, 11:33
Дзæуджыхъæуы байгом кодтой 6 мемориалон фæйнæджы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты номыл

Номарæн фæйнæджытæ æвæрд æрцыдысты, хæстонтæ алы рæстæджыты цы хæдзары цардысты, уый къулыл

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны агъоммæ Дзæуджыхъæуы Шмулевичы уынджы 16-æм хæдзары байгом кодтой 6 мемориалон фæйнæджы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты номыл. Кадджын æмбырды архайдтой ветеранты советы уæнгтæ, хæсты хъæбатырты хæстæджытæ, горæты активисттæ æмæ техникумты ахуырдзаутæ. Номарæн фæйнæджытæ æвæрд æрцыдысты, хæстонтæ алы рæстæджыты цы хæдзары цардысты, уый къулыл. Сæ иу – советон танкист Хъараты Солтанбег. Хъæдæгæройнаг лæппу хæстмæ бархионæй ацыд 1941-æм азы.  Белоруссаг фронты хæгъды архайдта Белорусси, Польшæ æмæ Чехословаки суæгъд кæныны тохты. 5 хатты уыди алыхуызон цæфтæ. Фæлæ-иу кæддæриддæр здæхти фронтмæ. Афтæмæй бахæццæ суанг Берлины онг. Æфсæддон хæслæвæрдтæ иттæг хорз кæй æххæст кодта, уый тыххæй хорзæхгонд æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй, стæй алыхуызон майдантæй «Хъæбатырдзинады тыххæй», «Кавказ суæгъд кæныны тыххæй», «Прагæ суæгъд кæныны тыххæй», «Берлин басæттыны тыххæй», æмæ «Германийыл фæуæлахиз уæвыны тыххæй».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania