Сæвæрдтой йæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг цы хæдзары цард, Куйбышевы уынджы, уый къулыл.
Дзæуджыхъæуы байгом кодтой мемориалон фæйнæг Ирыстоны адæмон фыссæг, журналист Цæголты Василийæн. Сæвæрдтой йæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг цы хæдзары цард, Куйбышевы уынджы, уый къулыл. Василий архайдта десантон æфсæдты, уыцы мысинæгтæ бахаста йæ роман «И мертвые вставали»-мæ. Фæлæ йæ сæйраг куыстыл та нымад æрцыд «Послы гор». Дзурæг у Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уыцы рæстæгыл. Курдиатджын журналист дæс азы фæкуыста Цæгат Ирыстоны телеуынынады. Уыд информацион программæйы сæйраг редактор. Василий куыста ирон фысджыты уацмыстæ ирон æвзагæй уырыссагмæ тæлмац кæныныл. Мемориалон фæйнæджы автор у Хайты Ибрагим. Скульпторы ныхæстæм гæсгæ , тæккæ зындæр уыд фыссæджы æнæбафæзмгæ мидбылхуыдт къæймæ рахæссын. Йæ багом кæныны кадджын мадзалмæ æрбацæуджытæ стыр аргъ скодтой куыстæн. Уыдысты дзы Ирыстоны интеллегенцийы минæвæрттæ, хиуæттæ, æмкусджытæ.




