филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:50 вторник, 29 июля 2025
16 июля 2025, 10:36
Дзæуджыхъæуы байгом сты æппæтуæрæсеон ерыстæ нардæтæй «Хæхты легендæтæ»

Турнир арæзт цæуы паддзахадон программæ «Уæрæсейы Спорт» æххæстгæнгæйæ

Дзæуджыхъæуы байгом сты æппæтуæрæсеон ерыстæ нардæтæй «Хæхты легендæтæ». Турнир арæзт цæуы паддзахадон программæ «Уæрæсейы Спорт» æххæстгæнгæйæ. Республикæйы сæйраг горæтмæ æрæмбырд 150 спортсменæй фылдæр бæстæйы алы къуымтæй. Ерысты программæйы 4 дисциплинæйы. Призты иумæйаг фонд 1 милуан сомæй фылдæр. Турнир арæзт æрцыди доны был фæлладуадзæн фæзы. Ерыстæ аразджытæ сты Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны нардæты федераци æмæ республикæйы спорты министрад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania