филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:39 воскресенье, 14 декабря 2025
14 марта 2025, 10:37
Дзæуджыхъæуы байгом сыгъдæг хъизæмаргæнæг Иоанн Æфсæддоны номыл аргъуаны уæллаг кувæн бынат

Аргъуан арæзт æрцыд 2012-æм азы, архитектор Сергей Гончаровы проектмæ гæсгæ

Дзæуджыхъæуы байгом сыгъдæг хъизæмаргæнæг Иоанн Æфсæддоны номыл аргъуаны уæллаг кувæн бынат. Аргъуан арæзт æрцыд 2012-æм азы, архитектор Сергей Гончаровы проектмæ гæсгæ. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ аргъуан фæзынд, чырыстон дины кадджын минæвар Зæронд Илийы арфæйæ. Ног кувæн бынат кусы алы бон дæр 8 сахаты æмæ 30 минутæй изæры 6 сахатмæ.

Адæмы хъæлæстæй мелоди æхцон у удæн, аргъуанмæ чи *рбацæуы, уыцы адæмы зæрдæты агайы. Алла Литвинова 2021 азæй нырмæ зары аргъуаны хоры. 2010 азы уыд æвдисæн, Æфсæддон Иоанны номыл аргъуанæн бынат куы равзæрстой, уыцы цауæн. Уæд æнхъæл нæ уыд, фидæны йын афтæ зынаргъ кæй суыдзæн, уый. Ныридæгæн ын сахуыр зæлты хъуысынадмæ.

Аргъуан аразын райдыдтой 13 азы размæ. Се *ххуысы хай арæзтадмæ бахастой адæм. Ныр та сæ фарсмæ ис  «Сыгъдæг Георгийы» фонд. Уæллаг аргъуан йæ дуæрттæ æрæджы байгом кодта. Йæ къултыл ын дзуары нывтæ скодтой æрмдæснытæ Санкт-Петербургæй. Сæ рæсугъддзинад сын бамбарæн ис къæсæртæй бакæсгæйæ дæр. Дзуæртты нывтæ цыма адæмæн æгас цæуай зæгъынц. Бакæсгæйæ – чысыл аргъуан, мидæгæй та адæймагмæ кæсы, цыма стыр райдзаст агъуыст у, афтæ. Æнцойдзинад æмæ сабырдзинады æнкъарæнтæ тыхджындæр кæндзысты, уæллаг аргъуан хъæугæ æрмæгæй æххæстæй ифтонг куы *рцæуа, уæд.

Аргъуаны бынат у уникалон. Мемориалон комплексы территори хуымæтæджы æвзæрст не *рцыд.  Йæ фарсмæ Намысы Аллея æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æдзард хæстонты ингæн. Ам кувынц ивгъуыд рæстæджыты хъайтарты  æмæ нырыккон хъæбатырты тыххæй. Аргъуан æфсæддоны номыл арæзт у, уый бæрæг у æддейæ бакæсгæйæ дæр. Йæ сæр  у салдаты худы æнгæс.

Тагъд рæстæг аивгонд æрцæудзæн уæллаг аргъуаны æддаг къул. Нырма уал цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц быннаг хайы. Ацы бынат адæм хуыздæр зонынц. 9 азы дæргъы аргъуыдтытæ цыдысты ам. Кусджытæм сæ цæст иудадзыг дары сауджын Василий. Уый 5-æм аз у аргъуаны сæргълæууæг.

Æфсæддон Иоаны номыл аргъуанмæ адæм ссæуынц республикæйы алы рæттæй, хатгай та ма Уæрæсейы регионтæй дæр. Куывдтытæ ам иу уысм дæр нæ мынæг кæнынц. Иутæ Дзуары нывы раз лæууынц, иннæтæ та сауджынимæ ныхас кæнынц, кæмæндæр та æхсызгон у аргъуаны атмосферæ. Алы адæймагæн дæр ис йæхи фæндаг аргъуанмæ. Гом у се *ппæты размæ дæр.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania