Экспозицимæ хаст æрцыд 50 нывæй фылдæр
«Мысли на холсте». Дзæуджыхъæуы нотæты библиотекæйы байгом Уæрæсейы æмæ Ирыстоны адæмон нывгæнæг Челæхсаты Магрезы куыстыты равдыст. Экспозицимæ хаст æрцыд 50 нывæй фылдæр. Уыимæ алы жанрты конд: нывкæнынад, портреттæ, натюрморттæ, жанры композицитæ. Челæхсаты Магрез у бирæ уацмысты автор. Йæ куыстыты кæддæриддæр бæрæг дары æмæ цæры Ирыстон. Хицæн ныхасы аккаг сты йæ æрдз, йæ истори, йæ адæм. Мастер кæддæриддæр агуры ног мадзæлттæ, стилистикон æмæ техникон фæрæзтæ, стæй ма жанрты алы формæтæ дæр. Челæхсаты Магрез у зындгонд театралон нывгæнæг, декорациты автор. Йæ фæрцы аивгонд æрцыдысты 120 спектаклы. Сæ фылдæр хаст æрцыдысты ирон сценикон культурæйы сызгъæрин фондмæ. Абон та мастеры куыстытæ фенæн ис Уæрæсейы хуыздæр музейты, стæй Европæйы, Америкæйы Иугонд штатты æмæ Японийы хи коллекциты.




