филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:27 суббота, 28 сентября 2024
28 октября 2021, 14:29
Дзæуджыхъæуы бындуронæй рацарæзтой Колыты Аксойы цыртдзæвæн

Горæты историон хайы монументæн бындур æвæрд æрцыди 2006-æм азы

Дзæуджыхъæуы бындуронæй рацарæзтой Колыты Аксойы цыртдзæвæн. Горæты историон хайы монументæн бындур æвæрд æрцыди 2006-æм азы. Фæлæ йæ аразгæйæ рæдыдтытæ кæй æруагътой, уымæ гæсгæ скульптурæ хæлын райдыдта, рагæй базилинаг уыдис йæ алыварс дæр. Дзæуджыхъæуы администрацийы ссардтой фæрæзт рацарæзтæн æмæ æрбахуыдтой цыртдзæвæны авторты. Зæгъæн ис, иууылдæр æй райхæлдтой, æмæ йæ  сарæзтой ногæй. Уыимæ, саив кодтой, манументы алыварс дæр. Колыты Аксо – 19-æм æнусы литературæ æмæ раухстауыны ирддæр минæвæрттæй иу. Йе мдзæвгæтæ – ирон æвзыгыл фыст фыццаг поэтикон уацмыстæ. Уымæй уæлдай специалисттæ базылдысты Сергей Кировы æмæ Владимир Ленины цыртдзæвæнтæм дæр. Горæты администрацийы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, Дзæуджыхъæуы цыртдзæвæнты рацарæзт иннæ аз цæудзæн дарддæр .

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania