17 августа 2021, 14:16
Дзæуджыхъæуы бындуронæй цалцæг кæнынц Дзержинскийы уынджы фæндаджы уаццаг
Куыстытæ цæуынц нысангонд æмгъуыдæй раздæр
Дзæуджыхъæуы бындуронæй цалцæг кæнынц Дзержинскийы уынджы фæндаджы уаццаг. Куыстытæ цæуынц нысангонд æмгъуыдæй раздæр. Уаццаджы бындурон цалцæг райдыдта ацы сæрды. Баивтой дондзæуæн хæтæлтæ, фехæлдтой зæронд асфальт. Æдæппæтæй специалисттæ сног кодтой фæндаджы 4 мин квадратон метры. Сцалцæг кодтой къахвæндаг, рацæуæнтæ, бордюртæ. Горæты фæндæгтæ цалцæг кæнынц, национ проект æххæст кæнгæйæ. Арæзт у 2024-æм азы онг.




