24 декабря 2020, 13:28
Дзæуджыхъæуы бюджет 2021-æм азмæ фидаргонд æрцыд фыццаг бакасты
Ацы фарста уыд сæйрагдæр горæты минæвæртты æмбырды радон сессийы
Дзæуджыхъæуы бюджет 2021-æм азмæ фидаргонд æрцыд фыццаг бакасты. Ацы фарста уыд сæйрагдæр горæты минæвæртты æмбырды радон сессийы. Фидæны аз æфтиæгты бæрц фæфылдæр уыдзæн 5 миллиард сомæй. Уымæй дарддæр ма депутаттæ хатдзæгтæ скодтой ацы азы куыстæн. Пандемияйы аххосæй бюджеты æрцыдысты ивддзинæдтæ. Уый нæ хынцгæйæ, куыд бафиппайдтой, афтæмæй бантыст Дзæуджыхъæуы хæстæ фæкъаддæр кæнын.