филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:30 суббота, 28 сентября 2024
19 января 2022, 12:58
Дзæуджыхъæуы Черняховскийы уынджы цæрджытæ хъаст кæнынц, сæ фатерты фаг хъарм кæй нæу, уымæй

Фæлæ канд ацы хъуыддаг нæ тыхсын кæны бынæттон цæрджыты

Дзæуджыхъæуы Черняховскийы уынджы цæрджытæ хъаст кæнынц, сæ фатерты фаг хъарм кæй нæу, уымæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй хъармгæнæн хæтæлты ранæй-рæтты нæй изоляци. Фæлæ канд ацы хъуыддаг нæ тыхсын кæны бынæттон цæрджыты. Иннæ ахсджиаг фарста – сæ кæрты спортивон фæзы уавæр. Адæмон фронты минæвæрттимæ иумæ Черняховскийы уынджы цæрджытимæ аныхас кодта не сфæлдыстадон къорд дæр. Ныхасы бар Тъехты Элинæйæн.

Дзæуджыхъæуы Черняховскийы уынджы 27-æм хæдзары спортивон фæз у адæмæн тæссаг. Йæ быру фæндаджы рдæм бакъул. Хæдзары цæрджытæ сæхи хъахъхъæнынц уыцы тæссаг бынатæй æмæ йæ курынц бацалцæг кæнын. Ныридæгæн сæ хъаст бирæ рæттæм бахастой.

Адæмон фронты минæвæрттæ уыцы хæдзармæ æрцыдысты æндар фарстайы тыххæй. Хъармгæнæн хæтæлтæ ранæй-рæтты нæ кусынц, æмæ уымæ гæсгæ тæвд бирæ фатертæм нæ хæццæ кæны. Бæрнон кусджытæ мониторинджы рæстæг сæ цæст æрæвæрдтой спортивон фæзы уавæрыл дæр.

Адæмон фронты минæвæрттæ æркастысты спортивон фæзмæ, æрныхас кодтой хæдзары цæрджытимæ æмæ скодтой хатдзæг. Фарста тагъд рæстæджы хъуамæ лыггонд æрцæуа.

Хъармгæнæн хæтæлты фарста дæр æрвыст æрцæудзæн Дзæуджыхъæуы администрацимæ. Æхсæнадон кусджытæ загътой, цы сæ бон у, уый скæндзысты, цæмæй тæвд алы фатермæ дæр хæццæ кæна, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania