филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:05 воскресенье, 01 февраля 2026
31 марта 2023, 11:14
Дзæуджыхъæуы чиныгкæсæн клуб 2 азы иу кæны, литературæ чи уарзы, уыдоны

Ацы æхсæнадæн ис йæхи æгъдæуттæ

Кæй бакастæ, уыцы уацмысты фæдыл хъуыдытæ зæгъын æмæ  иузæрдион адæмы ссарын. Дзæуджыхъæуы чиныгкæсæн клуб 2 азы иу кæны, литературæ чи уарзы, уыдоны. Ацы æхсæнадæн ис йæхи æгъдæуттæ. Æрæджы та ма дзы фæзынд иу ногдзинад – ныр клуб бабæрæг кæнын у алкæйы бон дæр лæвар. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Изæр, мынæг рухс, зæрдæбын ныхæстæ æрæджы чи цы уацмыс бакаст, уый фæдыл. Ам æрæмбырд сты алы дæсныйæдты æмæ цардмæ алыхуызон цæстæнгас кæмæ ис, ахæм адæм.  Баиу сæ кодта – литературæмæ уарзондзинад. Фыццаг чиныгкæсæн клубтæ Уæрæсейы кæд фæзындысты, уый зын зæгъæн у. Фæлæ апарахат сты 19-æм æнусы. Уæд сæ хуыдтой литературон салонтæ. Уæдæй бирæ аивта. Уацмыстæ, архайджыты ныхас, литературон изæртæ аразыны æгъдæуттæ. Æнæивгæ баззад сæйрагдæр – чиныгкæсджыты фæндон сæ хъуыдытæ зæгъыны фæдыл. Клубы дуæрттæ се ппæтæн дæр гом сты. Йæ саразыны хъæппæрис разынд журнал «Дарьял»-ы сæйраг редактор Цхуырбаты Аланмæ.

Клубæн ис хи концепци. Чиныгкæсджытæ ныхас кæнынц æрмæст кавказаг авторты уацмыстыл. Æмæ, кæд абон бирæтæ æнхъæл сты, бакæсын æмбæлы, ахæм ног уацмыстæ кæй нæй, уæд клуб у æвдисæн, ныр дæр цæуыл аныхас кæнай, уый кæй ис, уымæн.

Клубы ахсджиаг домæн – цы уацмысыл дзурдзысты, уый æнæмæнг бакæсын. Науæд, гæнæн ис, æмæ ныхас раст нæ ацæудзæн. Бирæтæн ацы мадзал у, ирон литературæимæ хæстæгдæр базонгæ уæвыны фадат.

Ам куыд зæгъынц, афтæмæй чиныгкæсæн клубы райдыдта ног дуг. Ныр æхсæнадмæ бацæуын у лæвар хъуыддаг. Ацы ногдзинады фæрцы, проекты архайыны фадат ис, литературæ чи уарзы, уыдонæй алкæмæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania