09 августа 2024, 12:07
Дзæуджыхъæуы даддæр цæуынц Терчы былгæрæттæ аивгæнæн куыстытæ
Æххæстгонд цæуынц, национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæты тыгъдад»-ы федералон проект «Горæты æнцонвадат архайд»-мæ гæсгæ
Дзæуджыхъæуы даддæр цæуынц Терчы былгæрæттæ аивгæнæн куыстытæ. Æххæстгонд цæуынц, национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæты тыгъдад»-ы федералон проект «Горæты æнцонвадат архайд»-мæ гæсгæ. Ныртæккæ куыстытæ цæуынц Коцойты Арсены уынджы, стæй Гæдиаты Цомахъы уынгæй Плиты Иссæйы уынджы онг уаццаджы. Уым рацарæзтой зæронд уæлцъар, æмæ дзы сæвæрдтой рухсгæнæнтæн цæджындзтæ. Фæндаггон кусджытæ æвæрынц ног брусчаткæ æмæ бордюртæ. Федералон программæ царды уадзын райдыдтой 2017-æм азы. 7 азмæ бантыст 90 æхсæнадон æмæ 300 кæрты территоримæ базилын. Тречы былгæрæтты куыстытæ та нысан кæнынц 1-æм сентябрьмæ фæуын.
темæмæ гæсгæ




