Адæм дæгъæлтæ райстой сæ фатертæй
11 азы æнхъæлмæ кæсынæн, курдиæттæ ведомствотæм дæттынæн ныр æрцыд кæрон. Дзæуджыхъæуы дæргъвæтин арæзтæдтæй иу радтой эксплуатацимæ. Адæм дæгъæлтæ райстой сæ фатертæй. Уый куыд бантыст, æмæ сæхи куыд сæдас кæной цæрæнуæттæ æлхæнджытæ, уый тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
11 даргъвæтин азы фæстæ Хуыгаты Эдуардæн фæзынд йæ цæрæнуæттæм бацæуыны фадат. 2013 -æм азы нæлгоймаг Тогойы фырты уынджы 22-æм хæдзары балхæдта дыууæ 1-уатон фатеры. Фæлæ цыбыр рæстæгмæ аразæг куыстуат, иу корпус дæр кæронмæ нæма самадта, афтæмæй банкротыл нымад æрцыд. Уæд адæм, цы уавæр сæвзæрд, уый равзарыны тыххæй сæ курдиæттæ бахастой республикæйы сæргълæууæгмæ, стæй арæзтады æмæ архитектурæйы министрадмæ. Ведомствоты æмæ «Территориты рæзты федералон фонды» æмгуыстады фæрцы хаст æрцыд уынаффæ хæдзары арæзт дарддæр ахæццæ кæныны тыххæй. Æмæ фарон бантыст объект эксплуатацимæ радтын.
Уæрæсейы 2019 азы июлæй фæстæмæ фæзынд æхца фидыны ног хуыз бирæфатерон хайон арæзтады къабазы. Уымæ гæсгæ адæм се *хцатæ аккредитацигонд банчы сæрмагонд хыгъды сæвæрынц, арæзтадон куыстуатмæ сæ нал фервитынц. Уый йæхи, кæнæ банчы проектон фæрæзтæй фæпайда кæны. Афтæмæй ис фатер æлхæнгæйæ хи æнæхъæлæджы цаутæй бахъхъахъæнын.
Иунæг æдас хъуыддаг у рагацау бафыссын бадзырд. Уый бахъхъæндзæн адæмы дæргъвæтин арæзтадæй. Цæрæн бынат æлхæнгæйæ, аразæг куыстуаты тыххæй информаци базонын хъæуы федералон хъалонисæн службæйы сайты, кæнæ арæзтадон куыстуæтты иумæйаг реестры сайт наш. дом.-ы. Уыцы хуымæтæг уагæвæрд æххæст кæныны тыххæй адæммæ сиды республикæйы арæзтады æмæ архитектурæйы министрад.
Эксперттæ æмзонд сты, сæ фатертæм цы адæм фенхъæлмæ кæсынц, уыдонæн ахсджиаг кæй у цырддзаст уæвын, ууыл. Гæххæттытæм хъуамæ лæмбынæг æркæсой, зæрдылдаринаг у, æдасдзинад сæйрагдæр кæй у, аразæг куыстуат цавæрфæнды пайдайаг фадæттæй ныфс куы *вæра, уæддæр.
