27 мая 2025, 10:35
Дзæуджыхъæуы дарддæр ивынц, горæт донæй цы донвæд æххæст кæны, уый хæтæлтæ
Доны республикон куыстуат бындурон куыстытæ æххæст кæны цалдæр къæпхæнæй
Дзæуджыхъæуы дарддæр ивынц, горæт донæй цы донвæд æххæст кæны, уый хæтæлтæ. Доны республикон куыстуат бындурон куыстытæ æххæст кæны цалдæр къæпхæнæй. Пъланмæ гæсгæ Куйбышевы уынджы специалисттæ сæвæрдзысты 2 мин метры ног хæтæл. Ныртæккæ куыст цæуы хæтæл æвæрынæн траншейыл. Ацы объектыл куыстытæ фæуыдзысты 2 мæйы æмгъуыдмæ. Профилон ведомствæйы куыд загътой, афтæмæй ма ацы уынджы кæрæтты ауаддзысты 2 линийы, абонентты зæронд линийæ ногмæ баиу кæныны тыххæй. Куыстытæ куы фæуой, уæд сног кæндзысты фæндаджы уæлцъар дæр.

темæмæ гæсгæ