филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:53 суббота, 13 декабря 2025
05 июня 2025, 10:35
Дзæуджыхъæуы дарддæр цæуынц Уæрæсейы раззагдæр политологтæй иу –  Федор Лукьяновимæ наукон фембæлдтытæ

Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой нырыккон политикæйы ирддæр фæзындтытыл

Дзæуджыхъæуы дарддæр цæуынц Уæрæсейы раззагдæр политологтæй иу –  Федор Лукьяновимæ наукон фембæлдтытæ. Æддагон æмæ хъахъхъæнынады политикæйы советы Президиумы сæрдар, клуб «Валдай»-йы наукон директор у Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты фембæлд аразджытæй иу. Йæ темæ –  «Политика влияния после мягкой силы». Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой нырыккон политикæйы ирддæр фæзындтытыл. Политолог куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы къабаз размæ акодта зынгæ къахдзæф. Ныхас цыди æрмæст  дунеон политикæйы нырыккон тенденцитыл нæ, фæлæ регионалоныл дæр. Æмбырдмæ хуынд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны политологтæ дæр. Федор Лукьянов Ирыстонмæ фыццаг хатт не ссыд. Мадзал саразджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм фембæлдтытæм цымыдисдзинад афæдзæй-афæдзмæ кæны фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania