филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:54 пятница, 19 июня 2026
21 мая 2026, 13:32
Дзæуджыхъæуы «Диабеты скъола»-йы рынчынтæн дзурынц низы хуызты, хойрæгты æмæ физкультурæйы тыххæй

Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, цæмæй низ ма фæкарздæр уа, уый тыххæй йæм хъæуы æмбæлгæ ахаст

Дзæуджыхъæуы «Диабеты скъола»-йы рынчынтæн дзурынц низы хуызты, хойрæгты æмæ физкультурæйы тыххæй. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, цæмæй низ ма фæкарздæр уа, уый тыххæй йæм хъæуы æмбæлгæ ахаст. Рынчынæн æрмæст афтæмæй уыдзæн йæ бон бирæ азты цæрдæг уæвын. Ахæуыртæ куыд цæуынц, уый тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Сæкæрнизимæ Баситы Эдуард цæры 20 азæй фылдæр. Ныры онг æм афтæ каст, цыма йæ низы тыххæй алцыдæр зоны. Фæлæ йын, йæ ныхæстæм гæсгæ, «Диабеты скъола»-йы баххуыс кодтой дзæбæх кæнынмæ ног цæстæй ракæсын. Ам ын бæстон радзырдтой хъæугæ хойрæгты, физкультурæйы æмæ низы фæкарзы профилактикæйы тыххæй.

Специалистты *рдыгæй уæлдай цæстдард цæуы хойрæгтæм æмæ физкультурæмæ. Рынчынтæн дзурынц, цавæр хæринæгтæ кæнын хъæуы, стæй физкультурæйы хуызты тыххæй, фæдзæхсынц сын, низы цыды ивддзинæдтæ рæстæгыл æнкъарын ахсджиаг кæй у, уый. Медицинон кусджыты ныхæстæм гæсгæ, цæмæй низ ма фæкарздæр уа, уый тыххæй йæм хъæуы æмбæлгæ ахаст. æрмæст афтæмæй уыдзæн рынчынæн йæ бон бирæ азты цæрдæг уæвын.

Æрыдоны районы рынчындоны ахуыртæн балхæдтой ног ифтонггæрзтæ. Уыдон сты интерактивон фæйнæг, ноутбуктæ, глюкометртæ. Цæгат Ирыстоны «Диабеты скъола»-тæ кусынц национ проект «Дæргъвæтин æмæ активон цард» æххæстгæнгæйæ.
Республикæйы ныртæккæ кусынц 12 «Диабеты скъола»-йы. Афæдзы райдианæй дзы ахуыртæ ацыдысты мин æмæ 5 сæдæ адæймаджы. Специалисттæ куыд фæбæлвырд кодтой, афтæмæй ахуырадон программæтæ систы нырыккон æнæниздзинадхъахъхъæнынады системæйы ахсджиаг хай.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania