филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:53 воскресенье, 01 февраля 2026
02 августа 2022, 10:24
Дзæуджыхъæуы доны станцæ горæты цæрджытæн ацы æнтæф бонты сси удæнцой исæн бынат

Уарзондæр фæлладуадзæн фæзы, традицимæ гæсгæ æрæмбырд вæййынц куыд сывæллæттæ, афтæ хистæр кары адæм дæр

Дзæуджыхъæуы доны станцæ горæты цæрджытæн ацы æнтæф бонты сси удæнцой исæн бынат. Уарзондæр фæлладуадзæн фæзы, традицимæ гæсгæ æрæмбырд вæййынц куыд сывæллæттæ, афтæ хистæр кары адæм дæр. Æмæ кæд æппæты кæстæртæн сæ зæрдæмæ алцыдæр цæуы, уæд хистæртæм та æвзæрынц фарстатæ. Зæгъæм, сæ хъуыдымæ гæсгæ, ирхæфсæн бынаты нæ фаг кæнынц бырæтты контейнертæ, велосипедтæн сæрмагонд фæндæгтæ æмæ хъазæн фæзтæ. Ахæм уавæры ис зæронд доны станцæ дæр. Кæд сæм базилдзысты, æмæ кæд аивдзæн уавæр хуыздæрырдæм, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Дæсгай азты дæргъы доны станцæ у горæты цæрджыты уарзондæр бынат. Раздæр – иу ацы бынатмæ сæ цоты чи кодта, уыдон ныр улæфынмæ æрбацæуынц сæ цоты цотимæ. Горæты æнтæфы фæстæ доны цур абадын вæййы æвдадзы хосау. Иуæй – иутæ ардæм æрбацæуынц ленк кæнынмæ, иуæй – иутæ-та хуры тынты бынмæ ахуыссынмæ.

Сывæллæттæ цы нæ уыныц, ууыл дзурынц хистæртæ. Нæ фаг кæны инфраструктурæ. Зæгъæм, бырæттæ кæдæм калой, ахæм урнæтæ дзы бирæ нæй. Зæронд асфальт аскъуыдтæ ис. Кæцыдæр рæтты æппындæр нæй æмæ уый зæрдæмæдзæугæ хъуыддаг нæу велосипедисттæн æмæ хæдтулгæтыл тезгъо кæнын чи уарзы, уыдонæн. Адæмы уарзондæр бынат хуыздæрхъуаг у, зæгъынц горæты цæрджытæ.

Доны станцæйы бындурон цалцæг фæстаг хатт уыд 2018 азы. Уæд дзы аивтой, нуазыны дон цы фантантæм цæуы, уый системæ æмæ хи найæн бынатмæ, стæй баивтой дзаумæттæ ивæн бынат дæр. Сезоны агъоммæ кусджытæ традицимæ гæсгæ ныссыгъдæг кодтой цад æмæ сахуырстой бандæттæ.

Горæты администрацийы нысанты ис доны станцæйы цалцæг. Хи ирхæфсæн фæз рамбылдта æхсæнадон территориты цалцæджы хъæлæс кæныны процедурæйы. Цалцæггонд куыстытæ снысан кодтой иннæ азмæ.

Æрæксинаг у, Китайаг фæзы цы доны станцæ уыд, уый уавæр дæр. Кæд дзы афтæ бирæ адæм нæ вæййы, уæддæр дзы арæх фæсивæд сæхи фæнайынц æмæ кæсаг ахсджытæ сæхи фæирхæфсынц. Июны райдайæны кусджытæ цады алыварс цы асфальт ис, уый систой, фæлæ ууыл куыстытæ æрлæууыдысты.

Куыстытæ цæуынц горæты æнцонвадат архайды программæмæ гæсгæ. Цады алыварс сæвæрдзысты ног бандæттæ, бырæтты бынæттæ, баивдзысты рухсгæнæнтæ. Уымæй уæлдай ма дзы сывæллæттæн хъуамæ фæзына спортивон комплекс дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania