Баст уыд ирон композитор Ачеты Аркадийы райгуырды 100 азы бонимæ
Дзæуджыхъæуы дыууæ боны цыди хоры зарæггæнджыты фестиваль. Баст уыд ирон композитор Ачеты Аркадийы райгуырды 100 азы бонимæ. Уый сарæзта фыццаг капеллæ «Ирыстон», æмæ бындур сæвæрдта Ирыстоны хоры профессионалон аивадæн. Æнæмæлгæ уацмыстæ азæлыдысты Мариинаг театры филиалы. Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар.
Дыууæ боны чи цыди, уыцы фестивалæй хуымæтæг концерт нæ рауад, – хъæрмуд мысинæгты изæр. Ачеты Аркадийы 100 азы райгуырды бон сæмбырд сты музыканттæ æмæ йæ ахуыргæнинæгтæ. Фехъусæн уыд йæ царды хабæрттæ, æмæ йе сфæлдыстад адæмы зæрдæты цы æнкъарæнтæ *взæрын кæны, уый. Мариинаг театры филиалы аивадон разамонæг Гергиты Ларисæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фестиваль саразын рагæй фæнд кодтой. Ахсджиаг у, Ирыстоны культурæйы рæзтмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыдоны хъуыды кæнын.
Фестиваль баиу кодта бирæ адæмы. Сæ фылдæры бафæндыд радон хатт ирон романстæ фехъусын. Залы æрмæст аивадуарзджытæ нæ уыдысты, фæлæ йæ цард музыкæйæн чи снывонд кодта, уыдон – композитортæ æмæ зарæггæнджытæ. Фестиваль сси Ачеты Аркадийæн кад кæныны æмæ йæ ахуыргæнинæгты уацмыстæ фехъусыны мадзал. Кæмæндæр йе сфæлдыстад рагæй уыд зындгонд, чидæр та йын йæ уацмыстæ фыццаг хатт фехъуыста.
Фестивальмæ чи *рбацыд, уыдоны *хсæн æрмæст бынæттон цæрджытæ нæ уыд, фæлæ республикæйы уазджытæ дæр. Ачеты Аркадийы уацмыстæ фехъусын амоны Ирыстоны культурон хæзнатимæ базонгæ уæвын. Музыкантимæ баст мысинæгтæ цæрынц адæмы зæрдæты, йæ уацмыстæ зæлынц, йе сфæлдыстадон бынтæн та азты цыдимæ фæзынынц ног аргъгæнджытæ.




