филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:01 вторник, 17 марта 2026
13 августа 2024, 11:45
Дзæуджыхъæуы дзюдойы скъолайы архайджытæ сæ уыцы фембæлд сарæзтой Хæзныдоны хъæуы спортивон дзæбæхгæнæн комплексы

Сывæллæтты ныхæстæм гæсгæ, сæ рæстæг арвыстой тынг хорз æмæ пайдаимæ.

Азы ацы афон спортсментæн конд æрцæуы цæугæ æмбырдтæ. Дзæуджыхъæуы дзюдойы скъолайы архайджытæ сæ уыцы фембæлд сарæзтой Хæзныдоны хъæуы спортивон дзæбæхгæнæн комплексы. Сывæллæтты ныхæстæм гæсгæ, сæ рæстæг арвыстой тынг хорз æмæ пайдаимæ.

Хæзныдоны æрдзы рæсугъддзинад йæхимæ æрбалвасы алкæйы дæр. Дзæуджыхъæуы дзюдойы спортивон скъолайы архайджытæ куыд фылдæр зонгæ кодтой хъæуы сусæгдзинæдтæ æмæ хæзнатимæ, афтæ сæ хъаруйыл хъару æфтыд.

Тренер Золойты Мæхæмæт куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæтттæ тынг фенхъæлмæ кæсынц ахæм рацыдмæ. Ацы хатт æй сарæзтой Хæзныдоны.

Сæумæрайсом стадион СОЗО-йы фæсивæд æнæзивæгæй архайдтой сæ уды хъару æмæ буары фидардзинадыл. Сабитæ кæд, горæтæгтæ уыдысты, уæддæр архайдтой æппæт хæслæвæрдтæ æххæст кæныныл. Сæ тренер куыд зæгъы, афтæмæй разы у йæ æфсымæртæ Владимир æмæ Черменæй, кæцытæ зæрдиагæй архайдтой семæ. Уыдон дæр сты тренертæ.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ Хæзныдоны алы хуызы уавæртæ цæмæй уа, ууыл кæй архайынц йæ цæрджытæ, йæ кадджын хистæртæ. Ацы Спортивон комплекс арæзт æрцыд, Уæрæсейы зындгонд æхсæнадон, наукон архайæг Хъамболты Аркадийы фырт Мараты хъæппæрисæй. Фæсивæды разæнгарддзинад уынгæйæ, зæгъæн ис, æмæ фæллæйттæ дзæгъæлы кæй не сты. Куыд дарддæр, афтæ та, æнæмæнг, фылдæр. Рæхджы ма Спортивон комплекс СОЗО-й фæзындзæн ног зал. Уый фæрцы спортсментæн сæ гæнæнтыл зынгæ бафтдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania