филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:16 суббота, 06 июля 2024
02 июля 2024, 12:18
Дзæуджыхъæуы фæсивæдон центры арæзт æрцыд театралон-хореографион равдыст «Нарты бæстæ»

Уыцы хъæппæрис царды рауагъта Беслæны хореографион ансамбль «Зæринæ»-йы разамонæг Хъайтмазты Мæдинæ

Нарты кадджытыл æмæ ирон культурæйыл андзæвыны фадат фæзынд, театралон-хореографион равдыст «Нарты бæстæ»-мæ бакæсгæйæ. Сæвæрдтой йæ . Уыцы хъæппæрис царды рауагъта Беслæны хореографион ансамбль «Зæринæ»-йы разамонæг Хъайтмазты Мæдинæ. Спектаклы архайынц 50 æрыгон артистæй фылдæр. Се хсæн – йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдон, сидзæртæ, стæй Беслæны теракты хъыгдард чи баййæфта, ахæм сывæллæттæ. Проект рамбылдта культурон хъæппæристы Президентон фонды грант. Коллективы сфæлдыстадон нысанты тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Æвзонг артист Бызыккаты Батраз ныридæгæн сценæмæ рацыд æртыккаг хатт. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын аивадуарзджытимæ фембæлын у тынг ахсджиаг. Театралон-хореографион равдыст «Нарты бæстæ»-йы Батраз архайы цалдæр эпизоды. Национ кæфджытæм цæуын райдыдта, хæрзчысыл ма куы уыди, уæд. Фидæны та йæ фæнды стыр артист суæвын. Уыцы бæллицмæ цæуы, уæндон къахдзæфтæ кæнгæйæ.

Уæвгæ театралон-хореографион равдыст “Нарты Бæстæ»-йы архайынц 50 лæппу æмæ чызгæй фылдæр. Се хсæн ис, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттæ, сидзæртæ, стæй Беслæны теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдон. Равдыстмæ сæхи цæттæ кодтой бирæ рæстæг. Бæлвырддæр та – афæдзы рдæгæй фылдæр.

Проект “Нарты Бæстæ” царды рауадзын бантыст культурон хъæппæристы Президентон фонды гранты фæрцы. Цы фæрæзтæ райстой, уыдонæй самал кодтой декорацитæ æмæ костюмтæ. Аивадуарзджытæ стыр аргъ скодтой æвзонг артистты курдиатæн.

Ацы равдыст Дзæуджыхъæуы сси кæронбæттæн сæ театралон сезоны. Арæзт æрцыд Хетæгкаты Къостайы номыл фæсивæдон центры. Афтæмæй ныридæгæн «Нарты Бæстæ»-мæ бакастысты Дзæуджыхъæуы, Беслæны æмæ Ольгинскæйы цæрджытæ. Ансамблы аивадон разамонæджы нысантæм гæсгæ сæ гастрольтæ адарддæр кæндзысты республикæйы иннæ районтæм дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania