филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:39 суббота, 31 января 2026
05 октября 2024, 14:20
Дзæуджыхъæуы фæсивæды Галуаны педагогты номыл арæзт æрцыд кадджын мадзал

Байгом æй кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло

Ахуыргæнæгæн кад. Дзæуджыхъæуы фæсивæды Галуаны педагогты номыл арæзт æрцыд кадджын мадзал. Байгом æй кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уый раарфæ кодта скъолаты æмæ скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндæтты педагогтæн, æмæ сын загъта бузныг, рæзгæ фæлтæры кæй хъомыл æмæ ахуыр кæнынц, уый тыххæй. Кадджын æмбырды архайдтой Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. «Республикæйы сгуыхт ахуыргæнæджы ном» лæвæрд æрцыд 11 педагогæн. Ахуырады сгуыхт кусæджы ном амæй фæстæмæ хæсдзысты 8 адæймаджы. 11 ахуыргæнæджы та ма систы Уæрæсейы Федерацийы ахуырады къабазы сгуыхт кусæджы. Æдæппæтæй паддзахадон хæрзиуджыты аккаг систы 70 адæймаджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania