Кадджын мадзал арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты концертон залы
Дзæуджыхъæуы фæцис, сывæллæттæн æмæ фæсивæдæн арæзт республикон патриотон фестиваль «Время выбирает СВОих». Кадджын мадзал арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты концертон залы. Архайдтой дзы, фестиваль æххæстгæнгæйæ цы сфæлдыстадон конкурстæ арæзт цыдысты, уыдоны уæлахиздзаутæ æмæ лауреаттæ. 2 мæйы дæргъы республикæйы скъоладзаутæ æмæ студенттæ архайдтой алыхуызон мадзæлтты – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытимæ фембæлдтыты, Лæгдзинады урокты, экскурситы, интеллектуалон хъæзтыты, патриотон акциты. Æдæппæтæй дзы архайдта 4 мин адæймагæй фылдæр. Мадзал аразджытæ куыд загътой, афтæмæй фестиваль арæзт уыд республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министрады æмæ «Фыццæгты змæлд»-ы æххуысæй.




