Цæуы дзы бырæтты 5 кубометры бæрц
Дзæуджыхъæуы фæзынд ног арфгонд контейнертæ бырæттæн. Æвæры сæ «Спецэкосервис». Ныртæккæ сты 7. Цæуы дзы бырæтты 5 кубометры бæрц. Иу ахæм контейнер ивы 7 стандартоны. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Иу ахæм арфгонд контейнер ивы 7 стандартон уæлзæххоны. Ног бактæ сты полиэтиленæй конд. Цæуы дзы бырæтты 5 кубометры. Уый зæрæттæй цалдæр хатты фылдæр у. Бактæ фæразынц бæрзонд температурæтæн, хъахъхъæнынц æхсынæгтæй, дзæгъæл куыйтæй. Ног контейнертæ æвæрыны размæ уал коммуналон службæтæ сбæлвырд кæнынц бынат, цæмæй зæххы бын ма цæуой хæтæлтæ æмæ телтæ.
Бирæхаттон, æнцонархайд, экологон. Ахæм контейнеры уæлцъар ис люк æмæ рудзынг бырæттæ æнæвналгæйæ æппарынæн. Йæ хуылфы бирæхаттон герметикон голлаг. Пайда кæнын дзы ис 1 азы дæргъы. Ныртæккæ горæты алы районты сæвæрдтой 7 арфгонд контейнеры. Æдæппæтæй уыдзысты 15.
Бырæттæ кæм æмбырд кæнынц, уыцы пункттæн лæггад кæны регионалон оператор «Эра». Ныридæгæн балхæдтой сæрмагонд техникæ. Службæйы минæвæрттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй контейнерты нымæц кæд фæфылдæр уа, уæд ма балхæндзысты уæлæмхасæн техникæ.
Арфгонд контейнертæ æмæ сæ алыварс территори саив кæндзысты æмæ уыдзысты иу стандартмæ гæсгæ конд.
