филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:28 понедельник, 01 июля 2024
01 марта 2022, 14:26
Дзæуджыхъæуы фæзынд тӕрхъусты сакъадах

Тӕрхъустӕн бынӕттон климӕт иттӕг хорз фӕбӕззыд

Уалдзæджы ралæудмæ бирæ рæстæг нал баззад, фæлæ нæ ныридæгæн дæр хур барæвдауы йæ хъарм æмæ фæлмæн тынтæй. Уæлдай циндзинад та хæссы сывæллæттæн, æмæ батагъд кæнынц тезгъо кæнынмæ. Бирæтæн сæ фæндаг у бæлвырд, æмæ уазæгуаты ацæуынц тæрхъустæм. Æрæджы æрбынæттон сты Дзæуджыхъæуы. Суанг ма сын сæхи сакъадах дæр фæзынд. Цымыдисаг цæрæгойтимæ базонгæ не сфæлдыстадон къорд дæр, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Тамир ӕмӕ Делярӕ сӕ уарзон аргъӕутты хъайтар Винни-Пухы хуызӕн уазӕгуаты ӕрбацыдысты тӕрхъустӕм. Сабитӕ цӕрӕгойты баййӕфтой, сӕ аходӕн йӕ тӕмӕны куыд уыд афтӕмӕй. Тӕрхъусты раз нӕдӕр мыд, нӕдӕр ӕндӕр адджинӕгтӕ нӕ уыд. Цӕрӕгойтӕ хӕрынц, горӕты цӕрджытӕ сын цы хуынтӕ ӕрбахастой, уыдон. Тамир йемӕ ӕрбахаста бинокль, афтӕмӕй тӕрхъусты ноджы хуыздӕр фендзӕн. Уӕвгӕ, сӕ зонгӕдзинад тынг цымыдисаг цау разынд.

Делярӕйы бауадз, уӕд тӕрхъустӕм кӕсид райсомӕй изӕрмӕ. Цалынмӕ сабиты мад цӕрӕгойтӕн сӕ къамтӕ сисы, уӕдмӕ сыл чызг та цин фӕкӕны.

Тӕрхъусты бинонтыл Дзӕуджыхъӕуккӕгтӕ раджы цӕст ӕрӕвӕрдтой. Афӕдз размӕ дзы уыдис дыууӕ тӕрхъусы, ныртӕккӕ та сӕ нымӕц авдӕй фӕфылдӕр. Золойты бинонтӕ ардӕм ӕрбацӕуынц горӕты иннӕ кӕронӕй. Сӕ лӕппутӕ Рустам ӕмӕ Вадим зӕрдиагӕй балӕгъзтӕ кӕнынц сӕ ныййарджытӕн ӕмӕ сын уыдон дӕр сӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынц.

Лӕппутӕ тӕрхъусты нымайынц сӕ ног хӕлӕрттыл. Ӕмӕ кӕд Рустамы цӕрӕгойты цард иртасын фӕнды, уӕд Вадим та нырма семӕ хъавгӕ зонгӕ кӕны.

Уарзиаты Артур алцыдӕр зоны тӕрхъусты тыххӕй. Бирӕ азты йӕ зонындзинӕдтӕй хай кодта студенттӕн зоологийы кафедрӕйы куысты рӕстӕг.

Ныр та у уӕлӕмхасӕн ахуырады педагог. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ тӕрхъустӕ ацы сакъадахмӕ хуымӕтӕджы не рбахаудысты. Чидӕр сӕ уым барӕй суагъта. Тӕрхъустӕн бынӕттон климӕт иттӕг хорз фӕбӕззыд.

Тӕрхъусты фӕрцы сывӕллӕтӕ сӕхицӕн ссардтой ног хӕлӕртты. Чи зӕгъдзӕн, цӕрӕгойтӕ дарддӕр цас адӕмы кӕрӕдзийыл бабӕтдзысты, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania