филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:02 среда, 26 июня 2024
20 января 2022, 12:44
Дзæуджыхъæуы фæзындысты æхсæнадон транспорты дыууæ нырыккон æрлæууæны

Ифтонггонд сты Wi-Fi-модультæй æмæ æндæр техникон фæрæзтæй

Дзæуджыхъæуы фæзындысты æхсæнадон транспорты дыууæ нырыккон æрлæууæны. Ифтонггонд сты Wi-Fi-модультæй æмæ æндæр техникон фæрæзтæй. Инвестор нысан кæны дарддæр дæр не республикæимæ æмгуыстад кæнын. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм зондджын конструкцитæ хъæуы фæфылдæр кæнын. Цавæр цæстæнгас ис ног бынæттæм горæты цæрджытæм, уый базыдта Гæджиты Сослан, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Нырæй фæстæмæ горæты астæу æнæ бастдзинадæй баззайын тæссаг нал у. Зæгъæм, чырæ телефон ахуыссыд, уæд æй сифтонг кæнæн ис æхсæнадон транспорты нырыккон æрлæууæн бынаты. Ис дзы электрон тыхдæттæг фæрæзтæ æмæ Инетернет. Дыууæ ног æрлæууæн бынаты уал сæвæрдтой Плиты Иссæйы уынджы Ифтонг сты Wi-Fi модультæй дæр. Такси баххуырсын, телефонæй адзурын æмæ афтæ дарддæр. Горæты цæрджытæ ныридæгæн дæр аргъ скодтой фыццаг зондджын æрлæууæнтæн.

Уæвгæ, зондджын остановкæтæ кæй хонынц, уыдонæй аразгæ у нырыккон горæты райрæзт. Æдасдзинады тыххæй нырыккон модулон конструкцитæ ифтонг сты фидеоцæстдарæн камерæтæй дæр. Интеративон æрлæууæн бынæттæ фæзындысты нæ бæстæйы алы рæтты, æмæ дзы ис бирæ гæнæнтæ, цалынмæ æхсæнадон транспортмæ æнхъæлмæ кæсыс, уæдмæ дæ рæстæг пайдаимæ æрвитынæн.

Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ горæт æнцонвадатдæр кæны нырыккон цардæн.  Цалдæр азы размæ æвæрд æрцыдысты бандæттæ USB-ифтонггæрзтимæ. Дзæуджыхъæуы цæрджытæ сæ архæ æмæ зæрдиагæй пайда кæнынц. Ныртæккæ ног дыууæ æрлæууæн бынаты дæр сты фæлварæны хуызы. Фидæны та Дзæуджыхъæуы алы районты фæнд кæнынц сæдæ ахæм æрлæууæн бынаты скæнын, сæрмагондæй æхсæнадон транспортæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania