Ацы хатт ерысты архайдта 350 спортсменæй фылдæр бæстæйы 11 регионæй
Дзæуджыхъæуы фесты регионты хсæн ерыстæ тхеквондойæ «Митын стай» æмæ хуызджын рæтты фестиваль «Митын стай kids». Арæзт æрцыдысты ныр 4-æм хатт. Азæй-азмæ сæ географи кæны парахатдæр. Ацы хатт ерысты архайдта 350 спортсменæй фылдæр бæстæйы 11 регионæй. Цæгат Ирыстонмæ ма æрбацыд делегаци Китайæ дæр. Уазджытæ равдыстой се спортивон арæхстдзинад. Ерыстæ арзæт æрцыдысты национ проект «Демографи»-йы федералон проект «Спорт – царды нормæ»-мæ гæсгæ. Хъайтмазты Дзерассæйæн ныхасы бар.
Хъæбысхæсты æмæ хиуылхæцыны аивад. Регионты хсæн ерыстæ тхэквондойæ «Митын стай» æмæ «Митын стай kids» Дзæуджыхъæуы æрвылаз вæййынц ныр цыппар азы дæргъы. Ацы хатт турниры архайдта 350 спортсмены Краснодары крайæ, Самарæйы, Ростовы æмæ Липецкы облæсттæй, Хъæрæсе-Черкесийы, Дагестаны, Кæсæг-Балхъары, Мæхъæлы æмæ Цæцæны республикæтæй.
Цæгат Ирыстоны физкультурæ æмæ спорты министр Хуадонты Артуры хуындмæ гæсгæ республикæмæ ссыд делегаци Китайæ. Йæ сæргъы Чжэнчжоуы рог промышленносты университеты физикон хъомылады скъолайы профессор Сунь Ву. Уазджытæ бирæ мадзæлттæ бабæрæг кодтой. Æвдыстой сæ фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ. Уыдысты фестиваль «Митын стай»-ы дæр.
Мадзалы уазджытæн æмæ архайджытæн бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ. Музыкалон номертæ, ушуйы æмæ тхэквондойы скъолаты хъомылгæнинæгтæ та равдыстой се спортивон арæхстдзинад.
Цыбыр рæстæгмæ турнир «Митын стай» апарахат ис. Азæй-азмæ йæ географи уæрæхдæр кæны. Иннæ аз та ерыстæ фæнд кæнынц æппæтуæрæсеон æмвæзадмæ ракæнын.