филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:24 пятница, 18 октября 2024
15 октября 2024, 10:44
Дзæуджыхъæуы фыццаг хатт ацыдысты, уæгъдибар хъæбысхæстæй олимпаг чемпион Давид Мусульбесы призтæ рамбулыны æппæтуæрæсеон ерыстæ

Гауызмæ рацыдысты 500 спортсменæй фылдæр Уæрæсейæ, Хуссар Ирыстонæй æмæ раздæры Советон Цæдисы бæстæтæй

Дзæуджыхъæуы фыццаг хатт ацыдысты, уæгъдибар хъæбысхæстæй олимпаг чемпион Давид Мусульбесы призтæ рамбулыны æппæтуæрæсеон ерыстæ. Гауызмæ рацыдысты 500 спортсменæй фылдæр Уæрæсейæ, Хуссар Ирыстонæй æмæ раздæры Советон Цæдисы бæстæтæй. Жюри уæлдай аргъ кодтой æрыгон хъæбысхæсджыты приемтæ æмæ техникæйæн. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Спорты Галуан «Манеж» та Хæдарцаты æфсымæрты номыл æппæтадæмон турниры фæстæ ногæй *рæмбырд кодта курдиатджын хъæбысхæсджыты. Ацы хатт гауызмæ рацыдысты æрыгон спортсментæ. Уыдонæн арфæйы ныхæстæ загъта республикæйы физкультурæйы æмæ спорты министр Хуадонты Артур.

Давид Мусульбесы номыл уæгъдибар хъæбысхæстæй Æппæтуæрæсеон ерыстæ арæзт æрцыдысты фыццаг хатт. Сæ архайджытæ уыдысты 500 спротсменæй фылдæр Уæрæсейæ, Хуссар Ирыстонæй, Азербайджанæй, Казахстанæй, Сомихæй æмæ æндæр бæстæтæй. Дыууæ боны рæсугъд хъæбысæй хæст республикæйы цæрджытæн балæвар кодтой æрыгон, фæлæ фæлтæрдджын спортментæ.

Ерыстæ рауадысты цымыдисаг. Тæрхонгæнджытæн, олимпаг чемпионтæн æмæ Уæрæсейы сгуыхт тренертæн уыд, æхсызгонæй цæмæ бакæсой, уый.

Турнир арæзт æрцыд, цæмæй йæ архайджытæн, стыр спорты фæндагыл чи æрлæууыд, уыдонæн уа хорз фадат сæ арæхстдзинад ног æмвæзадыл равдисынæн æмæ ерысты тых банкъарынæн.

Профессионалты хъуыдымæ гæсгæ, ацы ерыстæн ис стыр фидæн. Сæйрагдæр у, сывæллæттæ дзы зæрдиагæй кæй архайынц, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania