Стыр æргом дзы аздæхтой зæххы хæйттæй пайда кæныны хъуыддагмæ
Дзæуджыхъæуы генералон пъланы ахадындзинадыл бакусын бабар кодта хицауады сæрдар Дзанайты Барис кусæг фембæлды. Стыр æргом дзы аздæхтой зæххы хæйттæй пайда кæныны хъуыддагмæ. Фембæлды архайдтой вице-премьер Икъаты Русланбег, æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министр Бæззаты Вадим, паддзахадон исбоны æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан, Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав, Росреестры æмæ исбоны управленийы территориалон оргæнты разамонджытæ, стæй прокуратурæйы минæвæрттæ. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй фыццаджыдæр хъæуы горæты территориты санитарон уавæрмæ æркæсын. Уæлдай æргом та парчы æмæ фæлладуадзæн зонæтæм аздахын. Фарста у ахсджиаг, æмæ йæм хъæуы бæстон цæст дарын. Ахæм хæс бæрнон кусджыты раз сæвæрдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Хицауады сæрдар ма бабар кодта ведомствоты хсæн къамис саразын. Уый хъуамæ лыг кæна, цы фарстатæ сæвзæра, уыдон се ппæт дæр.




