филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:18 суббота, 28 сентября 2024
26 ноября 2020, 11:53
Дзæуджыхъæуы хæдзæрттæй иуы цæрджытæ хъаст кæнынц, сæ фатерты уазал кæй у, уымæй

Хъарм сæм нæ хæццæ кæны, æмæ сын æндæр гæнæн нал вæййы, æмæ та скусын кæнынц электрон прибортæ

Дзæуджыхъæуы хæдзæрттæй иуы цæрджытæ хъаст кæнынц, сæ фатерты уазал кæй у, уымæй. Хъарм сæм нæ хæццæ кæны, æмæ сын æндæр гæнæн нал вæййы, æмæ та скусын кæнынц электрон прибортæ. Уавæры аххосаг раиртасыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр радзурдзæн Бокоты Виктория.

Арæхдæр ахæм хорзæхæй дæр цух вæййынц. Зымæгон рæстæг сæхи схъарм кæнын вæййы æрмæстдæр электрон хъармгæнæны фæрцы. Æмæ ахæм уавæрты Саутæты Хасан цæры ныр 25 азæй фылдæр.

Хæдзары цæрджытæ зæгъынц, ахæм уавæры æппынæдзух нæ цардысты. Кæддæр ацы хæдзар Шмулевичы уынджы хъармгæнæнмæ куы баиу кодтой, уæд-иу сæ батарейтæ тæвд уыдысты. Фæлæ уый фæстæ та хæдзарæн лæггад кæнын райдыдта Ватутины, фæстæдæр та Неведомскийы уынгты хъармгæнæнтæ. Уæд уавæр цæхгæр аивта æвзæрырдæм. Фарста алыг кæныныл архайдтой 5 азы размæ, фæлæ сын нæ бантыст.

Дзæуджыхъæуы хъармгæнæн хызты специалистты хъуыды та æндæр у. Бæлвырддæр та зæгъынц, хъармгæнæн кусы, куыд æмбæлы, афтæ. Фарста къуылымпы кæнынц хæтæлтæ.

Хæдзартæм хъарм бацæудзæн, куыддæр хæтæлтæ асыгъдæг кæной, афтæ, зæгъынц специалисттæ. Хæдзары цæрджытæ уыцы фарста алыг кæнынмæ бавналынмæ хъавынц хæстæгдæр рæстæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania