филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:36 суббота, 31 января 2026
19 ноября 2025, 10:36
Дзæуджыхъæуы хатдзæгтæ скодтой республикон ерыстæн самбойæ

Турниры архайдтой 2011-2013 азты гуырд лæппутæ æмæ чызджытæ

Дзæуджыхъæуы хатдзæгтæ скодтой республикон ерыстæн самбойæ. Турниры архайдтой 2011-2013 азты гуырд лæппутæ æмæ чызджытæ. Æдæппæтæй 170 спортсмены Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, Цæцæны æмæ Кæсæг-Балхъары Республикæтæй. Ерыстæ саразыныл бакуыста нæ республикæйы самбойы федераци, физкультурæ æмæ спорты министрады æххуысæй. Федерацийы президент Фидараты Таймураз куыд загъта, афтæмæй турнир у тынг ахсджиаг. Фæсивæд сæхи фæлварынц алы æмвæзады, стæй ма æфтауынц сæ фæлтæрддзинадыл дæр. Призертæн æмæ уæлахиздзаутæн скодтой кадгæнæн мадзæлттæ. Хуыздæртæн радтой майдантæ, кубоктæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ Уæрæсейы спорты Министрадæй. Самбойы ветеранты, тренерты æмæ ахуыргæнæндæтты разамонджыты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй æмæ арфæйы фыстæджытæй. Ерыстæ баст уыдысты самбойы Æппæтуæрæсеон бонимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania