филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:32 пятница, 25 июля 2025
03 октября 2019, 12:15
Дзæуджыхъæуы инвалидты æмæ ацæргæ адæмы боныгон центры ис æппæт фадæттæ, цæмæй сæ бæрны цы адæм ис, уыдон сæхи хорз æнкъарой, уый тыххæй

Радон хатт та, сарæзтой бæрæгбон сæ уарзон фæлладуадджытæн. Сæ цинæн æвдисæн уыд, не сфæлдыстадон къорд.

Иу фембæлд иннæмæй цымыдисагдæр. Дзæуджыхъæуы инвалидты æмæ ацæргæ адæмы боныгон центры ис æппæт фадæттæ, цæмæй сæ бæрны цы адæм ис, уыдон сæхи хорз æнкъарой, уый тыххæй. Радон хатт та, сарæзтой бæрæгбон сæ уарзон фæлладуадджытæн. Сæ цинæн æвдисæн уыд, не сфæлдыстадон къорд.

Къухæмдзæгъд æмæ арфæтимæ сæмбæлдысты Дзæуджыхъæуы рацæргæ адæмы æмæ инвæлидты боныгон центры фæлладуадджытæ сæ кадджын уазджытыл. Ацы хатт сæм хуынд æрцыдысты театр «Вдохновения»-йы артисттæ. Зæрдиагæй сын равдыстой Пагæты Фаимæйы æвæрд спектакль «Чындзæхсæв». Фæхæццæ сæм кодтой абоны царды уагæй скъуыддзæгтæ.

Ардæм æрбацæуынц канд се нæниздзинад фæфидардæр кæнынмæ нæ, фæлæ ма сæ удварны хъæздыгдзинад раргом кæнынмæ. Уыцы хъуыддæгтæ хынцгæйæ центры кусджыты бафæндыд, цæмæй сæ фæлладуадзæг Хъаирты Иринæйы Уæрæсейы сылгоймæгты цæдис схорзæхджын кæна кадджын хæрзиуæгæй. Регионалон хайады сæрдар Людмила Тихонова йын радта майдан æмæ кады гæххæтт.

Спектаклы фæстæ æппæт фæлладуадджытæн дæр сарæзтой бæрæгбоны фынг. Уый фæстæ та сæм ногæй центры концертон залы æнхъæлмæ кастыты музыканттæ. Уыдон та сын сæ зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой, сæ аив зарджытæ æмæ музыкæйы зæлтæй.

Центр кусы 2006-æм азæй нырмæ, уыцы рæстæгмæ дзы сæ фæллад суагъта æмæ сæ удæн æхцондзинад æрхастой бирæтæ. Коллектив та йæ фæлтæрддзинады тыххæй иу æмæ дыууæ хатты не сси кокурсты уæлахиздзау.Цыбыр ныхасæй ацæргæ адæмы боныгон центры аразынц хъæрмуд ахастдзинæдтæ. Бæрæгбоны арфæтæ ацы хатт райстой 30 адæмагæй. Се ппæтæн дæр ацæргæ адæмы æппæтдунеон боны кадæн радтой лæвæрдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania