Фæндаггон фыдбылызыты нымæц фæкъаддæр кæныны тыххæй, æппæт фиппаинæгтæ арвыстой бынæттон администрацимæ
Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы прокуратурæ раиртæста цалдæр аипдзинады фæндæгты тæссаг уаццæгты. Фæндаггон фыдбылызыты нымæц фæкъаддæр кæныны тыххæй, æппæт фиппаинæгтæ арвыстой бынæттон администрацимæ. Хъуамæ хæстæгдæр рæстæг иуварсгонд æрцæуой. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Доваторы проспект æмæ Гæдиаты Цомахъы уынг кæм баиу вæййынц, уыцы фæндаг нымад у, фылдæр машинæтæ кæм вæййынц, ахæм уаццагыл. Æрмæст ивгъуыд азы декабры ам æрцыд 4 фæндаггон фыдбылызы. Цæмæй сын сæ аххосаг сбæрæг кæной, уый тыххæй Ирыстойнаг районы прокуратурæ бæстон иртасæн куыст бакодта. Иннæ тæссаг уаццаг – Архонкæмæ фæзилæны фæндаг. Ацы азы райдианæй дзы æрцыд 8 фæндаггон фыдбылызы. Ирыстойнаг районы прокуроры æххуысгæнæг Саламаты Хетæг куыд радзырдта, афтæмæй, цæмæй фыдбылызты хъыгдардбаййафджыты нымæц фæкъаддæр уа, уый тыххæй Дзæуджыхъæуы администрацимæ арвыстой цалдæр фиппаинаджы.
Бынæттон администрацийы кусджытæ прокуратурæйы фиппаинæгтæ æвæстиатæй бахынцтой. Фæндаггон змæлд аразыны хайады хицау Фидараты Роберт бафиппайдта, ныридæгæн кæй бакуыстой сæрмагонд мадзæлттыл. Сæ нысан – фæндаггон фыдбылызтæй тæссаг уаццæгтæ аиуварс кæнын. Уыцы куыстмæ хауы фæндаггон нысантæ сног кæнын, светофортæ сæвæрын æмæ шофырты уæлæмхасæн нысантæй сифтонг кæнын.
Фæндаггон фыдбылызты аххосæгтæ сты алыхуызон – чидæр æгæр тагъд фæцæуы, чидæр фæндаггон фæтк ницæмæ æрдары, чи та уæвгæ къæрцъхъус нæ вæййы. Фæлæ Дзæуджыхъæуы администрацийы фæндаггон змæлд аразыны хайады хицауы хъуыдымæ гæсгæ, хъуыддаг ивы хуыздæрырдæм. Зæгъæм, 2019-æм азы Дзæуджыхъæуы фæндæгты уыд 18 тæссаг уаццаджы. Ныртæккæ та ма дзы баззад 6.




