филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:20 суббота, 28 сентября 2024
18 мая 2021, 14:57
Дзæуджыхъæуы йæ юбилей сбæрæг кодта национ-культурон æхсæнад «Эребуни»

Иу кæны Цæгат Ирыстоны сомихæгты, æмæ сын фадат дæтты сæ традицитæ, культурæ æмæ æгъдæуттæ хъахъхъæнынæн æмæ парахат кæнынæн

Дзæуджыхъæуы йæ юбилей сбæрæг кодта национ-культурон æхсæнад «Эребуни». Иу кæны Цæгат Ирыстоны сомихæгты, æмæ сын фадат дæтты сæ традицитæ, культурæ æмæ æгъдæуттæ хъахъхъæнынæн æмæ парахат кæнынæн. Уæвгæ, сомихæгты æхсæнад нымад у нæ республикæйы æппæты рагондæр æмæ егъаудæр диаспорæйыл. Ам цæры 20 мин сомихагæй фылдæр. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæстондæр.

Цæгат Кавказы сомихæгтæ æрцардысты цалдæр æнусы размæ. Скæсæйнаг Сомих Уæрæсеимæ 19-æм æнусы райдиан куы баиу, уæд Дзæуджыхъæуы фидары фæзындысты фыццаг 96 сомихаг цæрæджы. Се хсæнад уыд фыццæгтæй иу, стæй нæ горæты æппæтæй стырдæр.

Сомихаг æрмдæснытæ Ирыстонмæ æрбаластой сæ курдиаты хай.

Куыстуат кæд зындзинæдтæ ййæфта коронавирусы тыххæй, уæддæр йæ фæллойгæнджытæ сæ уарзон куыстыл сæ зæрдæ нæ сивтой. Юрий Григорян у хуыйæг, æрмдæсныйады ис 20 азæй фылдæр. Куыд зæгъы, афтæмæй цыфæнды куысты дæр хъæуы уд бавæрын, цæмæй хорз хатдзæг уа, уый тыххæй. Стæй æнæмæнг хъæуы райгуырæн зæххы уарзондæр мелодитæ.

Фабрикæйы продукци зындгонд у дунейы алы рæтты. Кæнынц æй хæрзхъæд хомагæй иттæг хорз кусæнгæрзтыл. Нымæт экологон æгъдауæй у сыгъдæг, æнцонархайд æмæ бирæвæрсыг. Раздæр Сомихы нымæты куыст кодтой æрмæстдæр нæлгоймæгтæ. Ныртæккæ та Ирыстоны куыстуатæн разамынд дæттынц сылгоймæгтæ дæр.

Фарон национ-культурон æхсæнад «Эребуни»-йы юбилей сбæрæг кæнынæн бахъыгдардта пандемийæ. Фæлæ цалдæр азы фæд-фæдыл алыхуызон мадзæлттæ арæзт цыдысты. 5-æм февралы Дзæуджыхъæуы байгом кодтой мемориалон фæйнæг зындгонд æфсæддон разамонæг, дипломат, политик, реформатор æмæ Дзæуджыхъæуы кадджын цæрæг Лорис-Меликовæн. Номарæн фæйнæг фæзынд раздæры æрмдæсныйады училищæйы къулыл. Ахуыргæнæндон байгом кодтой 150 азы размæ Лорис-Меликовнæ йæхи хъæппæрисæй. Юбилей бæрæг кæныны фæлгæты арæзт æрцыд наукон-практикон конференци «Алайнаг-Сомихаг ахастдзинæдтæ. Истори æмæ нырыккон цард». Пленарон докладты уазджытæ æмæ автортæ систы историон наукæты доктортæ, Кавказы æмæ Сомихы институты профессортæ, стæй Цæгат Ирыстоны историйы æмæ археологийы Институты наукæты сгуыхт архайджытæ.

«Эребуни»-йы совет стыр æргом здахы се взаг æмæ культурæйы рæзтмæ. Афтæ Дзæуджыхъæуы сомихаг аргъуаны арæзт æрцыдысты сæрмагонд кълæстæ. Уым сабитæ ахуыр кæнынц сæ мадæлон æвзаг. Уыимæ бирæтæ сты интернационалон бинонтæй. Ахæмтæ та Ирыстоны бирæ сты. Зæгъæм, Мурадянцты бинонтæ.

Бæрæгбоны фынджы уæлхъус сбадыны размæ, æнæмæнг, скувынц хуыцаумæ.

Сергей Мурадян райгуырд æмæ схъомыл Ирыстоны. Ацы хæдзары райгуырд йæ фыд дæр. Йæ фыды фыдæн та уыд 18 хъæбулы хъæбулы. Йæ мад Раисæйæн та ныртæккæ ис 21 фæдоны. Уый банымайæн ис стыр амондыл.

Сомихаг æхсæнад Дзæуджыхъæуы нымад у æппæтæй рагондæрыл æмæ егъаудæр диаспорæйыл. Уымæ гæсгæ абон «Эребуни» йæ размæ æвæры стыр хæс – культурон центр байгом кæнын. Уым алкæмæн дæр фадат уыдзæн сомихаг традицитæ, æгъдæуттæ æмæ культурæимæ зонгæ кæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania