Сæ куыстытæ дзы равæрдтой Цæгат Ирыстоны æрмдæснытæ
Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты нæ республикæйы æрцыд æхсызгон цау. Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом кодтой адæмон сфæлдыстады центр. Сæ куыстытæ дзы равæрдтой Цæгат Ирыстоны æрмдæснытæ. Фыццаг равдысты æппæт куыстытæ нæ бацыдысты, уымæн æмæ дзы архайын бирæты бафæндыд. Уæвгæ та центр фадат ратдзæн курдиатджын адæмы иу ран сæмбырд кæнынæн, æмæ сын сæ дарддæры рæзтæн æххуыс кæнынæн.
Гæмæонты Фатимæ æрмдæсныйад рагæй бауарзта. Хуызджын æндæхтæй снывæфтыд кæны аргъуантæ æмæ мæзджыттæ. Ныртæккæ та йе ргом аздæхта скифты тематикæмæ. æрыгон автортæн ацы центры байгом бирæ ног фадæттæ ратдзæн. Афтæмæй царды уадздзысты сæ раздæры бæллицтæ.
Кцойты Виталий фæстаг азты куыста Дзæуджыхъæуы модæйы институты, студентты дзы ахуыр кодта аивады дизайныл. Ныртæккæ та аразы эксклюзивон сахаттæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ куыстытæй фæнд кæны адæммæ рагон ирон орнаменты æмæ сурæтты мидис бахæццæ кæнын. Æхца бакусын та фыццаградон нысан нæу.
Виталийы къухтæй конд сахаттæ райгуырынц цæмæй фæнды дæр. Зæгъæм, тæбæгътæй æмæ æндæр мигæнæнтæй.
Центры директор Таболты Тамилæйы ныхæстæм гæсгæ, сæ фыццаг равдысты æппæт куыстытæ нæ бацыдысты, уымæн æмæ дзы архайын бирæты бафæндыд.
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, æрмдæсныйады чи архайы, уыдонæн æнæмæнг хъæуы æххуыс кæнын. Ног центр та хъуамæ фадат дæтта æппæт курдиатджын адæмæн иу ран æмбырд кæнынæн æмæ сын алыхуызон семинартæ аразынæн. Цæмæй уый фæстæ сæ куыстытæ алыхуызон равдыстыты архайой, æмæ ма сæм се ргом аздахой иннæ адæмыхæттыты минæвæрттæ дæр.
Фыццаг къæпхæны æрмдæснытæн бар ис центры сæ куыстытæ æнæ фидгæйæ равæрынæн. Уый фæстæ объект цæрдзæн хи фæрæзтæй. Ныртæккæ центры экспонаттæ конд сты хъæдæрмæгæй æмæ керамикæйæ, дур æмæ бронзæйæ. Уымæй дарддæр алыхуызон хъазæнтæ æмæ алдымбыдтæ æмæ зынаргъ згъæрæй аивгæнæнтæ. Адæмон сфæлдыстады центр бабæрæг кæнæн ис алкæмæн дæр, уыимæ къуырийы цыфæнды бон дæр.




