филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:01 вторник, 16 декабря 2025
06 ноября 2019, 12:09
Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ Хуссар æмæ Цæгат Кавказы Федералон зылдты ерысты фыццаг къæпхæн хоккейæ

Турниры архайынц, 11 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спортсментæ

Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ Хуссар æмæ Цæгат Кавказы Федералон зылдты ерысты фыццаг къæпхæн хоккейæ. Турниры архайынц, 11 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спортсментæ. Ерыстæ саразыныл бакуыста Уæрæсейы хоккейы Федерацийы филиал Сочийы. Хъæзтытæ цыдысты 5 боны фæд-фæдыл Дзæуджыхъæуы Ихын Галуаны. Ихы фæзы æмбæлыдысты æртыгай командæтæ. Афтæмæй фыццаг къæпхæны ерыс кодтой 6 командæйы Ростовæй, Аксайæ, Волгоградæй, Волжскийæ, Стъараполæй æмæ Дзæуджыхъæуæй. Турнир саразджыты хъуыдымæ гæсгæ ма ацы командæтæ фембæлдзысты дыккаг къæпхæны. Уыдзæн зымæджы. Уалдзæджы та йæ хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг кæндзысты, финалмæ чи бацæудзæн, ахæм 4 командæйы. Финал уыдзæн Сочийы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania