филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:55 вторник, 16 декабря 2025
03 ноября 2020, 11:53
Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ сты уæрæсейаг ерыстæ фехтованийæ, йæ астæуыстæг хъыгдард кæмæн у, ахæм спортсменты хсæн

Ерысты архайдтой 30 адæймаджы Мæскуыйæ, Санкт-Петербургæй, Уфайæ, Липецкы æмæ Вологдæйы облæсттæй стæй Уæрæсейы æндæр регионтæй

Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ сты уæрæсейаг ерыстæ фехтованийæ, йæ астæуыстæг хъыгдард кæмæн у, ахæм спортсменты хсæн. Ерысты архайдтой 30 адæймаджы Мæскуыйæ, Санкт-Петербургæй, Уфайæ,  Липецкы æмæ Вологдæйы облæсттæй стæй Уæрæсейы æндæр регионтæй. Сæ арæхстдзинад дзы равдыстой, 17 азæй – 23 азы онг кæуыл цæуы, ахæм кадеттæ. Хæцыдысты рапирæйæ, шпагæйæ æмæ æхсаргардæй. Ерысты архайджытæ афтæмæй архайдтой нæ бæстæйы иугонд командæмæ бацæуыныл. Ерысты уæлахиздзаутæй стæй ма иннæ фæлтæрдджын лæппутæй конд æрцæудзæн паралимпаг иугонд командæ. Уый Уæрæсейы кад хъахъхъæндзæн Японийы Хъæзтыты. Уцыдзысты 2021-æм азы сæрды. Турнир саразджыты хъуыдымæ гæсгæ ма Ирыстоны скæнын хъæуы æппæтадæмон турнир парафехтованийæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania