филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:49 воскресенье, 01 февраля 2026
10 марта 2023, 10:55
Дзæуджыхъæуы кæронмæ фæхæццæ кæнынц культурон намысы объект бахъахъхъæныны фæдыл куыстытæ

Ныхас цæуы Тауаситы Сослæнбеджы номыл сывæллæтты аивадон скъолайыл

Дзæуджыхъæуы кæронмæ фæхæццæ кæнынц культурон намысы объект бахъахъхъæныны фæдыл куыстытæ. Ныхас цæуы Тауаситы Сослæнбеджы номыл сывæллæтты аивадон скъолайыл. Бæстон цалцæг райдыдта 2018-æм азы. Ныртæккæ куыстытæн сæ 90 проценты æххæстгонд æрцыдысты. Объект пъланмæ гæсгæ сцæттæ уыдзæн сентябрьмæ. Рацарæзты фæстæ скъолайы уыдзæн 12 къласы. Ныр та уал рæстæгмæ сывæллæттæ ахуыр кæнынц нырыккон бæстыхайы. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Цæттæгæнæн къорд зонгæ кæны темæ «Скифаг сыгъзæрин»-имæ. 518 сывæллоны Тауаситы Сосланбеджы номыл аивадон скъолайы ахуыр кæнынц нывкæнынад, композици æмæ æрмдæсныйад.

Цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой 2018-æм азы. Цалынмæ сæйраг, историон бæстыхайы реконструкци цæуы, уæдмæ уал ахуырдзауты æмæ педагогты раивтой, скъолайы территорийы цы ног корпус ис, уырдæм. Уый, 2017-æм азы арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы раздæры сæргълæууæг Хæдарцаты Махарбеджы хъæппæрисæй. Уый фæрцы бантыст ахуырадон процесс ма бауромын, фæлæ бынат нæ фаг кæны.

Бæстыхайы проект арæзт цыд, аивадон скъолайы кусджыты фæндонтæ хынцгæйæ. Афтæмæй фæзынд равдыстадон зал. Равæрдзысты дзы дунейы алы бæстæтæй нывты коллекци. Пъланмæ цы ивддзинæдтæ бахастой, уыдоны руаджы агъуыстытæ ахуыртæн систы æнцонвадатдæр.

Специалисттæ баивтой хъæдын хъайвантæ монолитонтæй, бауагътой ног электронтыхдæттæг телтæ, коммуникацитæ, фæзынд зынгсирвæзтыты ныхмæ системæ. Ныр ма хъæуы реставрацион куыстытæ сæххæст кæнын. Скъолайыл цæуы 100 азы. Ивгъуыд æнусы райдиан архитектор Павел Шмидт цы ансамбль скодта, уый бирæ зындзинæдтæ бавзæрста. Ныртæккæ специалисттæ архайынц бæстыхайæн йæ фыццагон хуыз сног кæнын. Пластикæй рудзгуытæ баивтой хъæдынтæй, равзæрстой, раздæр цавæр уыд, уымæ хæстæг пъолы уæлцъар.

Аивадон скъолайы ахуырдзаутæ æнхъæлмæ кæсынц, цалцæггонд бæстыхаймæ та сæ бон бахизын куы суа, уымæ, цæмæй банкъарой, бирæ азты дæргъы дзы цы сфæлдыстадон комулæфт сфидар, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania