Ацы бонты йыл хъуамæ сæххæст уыдаид 90 азы
Дзæуджыхъæуы кинойы Хæдзары арæзт æрцыд зындгонд историк, бæстæзонæг, фыссæг, этнограф Плиты Таймуразы мысæн изæр. Ацы бонты йыл хъуамæ сæххæст уыдаид 90 азы. Курдиатджын иртасæг Ирыстоны тыххæй зыдта тынг бирæ цымыдисаг хабæрттæ. Зæгъæн ис, æмæ зыдта нæ республикæйы алы мæсыг, алы къахвæндаг дæр. Уыдис æм йæхи цæстæнгас, йæхи проект этнотуризм бахъахъхъæнын æмæ рæзын кæныны тыххæй. Плиты Таймураз цы рухстауæн куыст кодта, уый тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд «Ирыстоны сæраппонд»-ы майданæй æмæ Уæрæсейы культурæйы фонды кады гæххæттæй. Йæ фæстаг бонты онг куыста ног проектыл. Йæ цардæй ахицæн 81 аздзыдæй. Номарæн изæры зындгонд бæстæзонæджы æрымысыдысты йæ курдиатæн аргъгæнджытæ. Уымæй дарддæр ма равдыстой Плиты Таймуразы архивон къамтæ æмæ æрмæджытæ.




