филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:20 суббота, 28 сентября 2024
25 августа 2021, 11:54
Дзæуджыхъæуы кинойы скъолайы ныртæккæ ахуыр кæны 50 адæймаджы

Медиа-къабазы ног адæмы цæттæ кæнынæн æххуыс кæны грант

Операторы дæсныйады сусæгдзинæдтæ, видеороликты монтаж, компьютерон графикæ. Дзæуджыхъæуы кинойы скъолайы ныртæккæ ахуыр кæны 50 адæймаджы. Теорийæ ахизынц практикæмæ. Уыимæ уыцы-иу рæстæг кинойы арæзтады æппæт фæзилæнтимæ зонгæ кæнгæйæ. Медиа-къабазы ног адæмы цæттæ кæнынæн æххуыс кæны грант. Чи йæ рамбылдта, æмæ куыд æххæстгонд цæуы цымыдисаг проект царды, уый базыдта Гуытъиаты Алинæ, æмæ йын ныхасы бар.

Ацы маркер фыццаг мыййаг нæу. Тыбылты Æхсар алкæмæн дæр цæстуарзонæй амоны, йæ проекты цы аиппдзинæдтæ ис, уый. Кинойы скъола æцæг ахуыргæнæндоны хуызæн у. Лекцитæм цы байхъусынц, уымæй уæлдай ахуырдзаутæн радтынц хæдзармæ куыст дæр. Уый вæййы кæнæ презентаци, кæнæ та слайд-шоу саразыны хæслæвæрд. Уым хъуамæ бæлвырд æрфыссой видеоæрмæджы алы кадр дæр. Ахуырдзаутæ тынг зæрдæргъæвд сты. Ныридæгæн басгæрстой нæ сфæлдыстадон къорды ифтонгарз дæр. Христос Ибрахим Дзæуджыхъæумæ ссыдис Кипрæй. Йæ ног царды фыццаг санчъехтæ скæндзæн сценаристы хуызы.

Кинойы скъола байгом кодтой гранты фæрæзтæй. Йæ нысан у цыбыр рæстæгмæ адæмы кино æмæ видеоæрмæджытæ аразын сахуыр кæнын куыд теоретикон, афтæ практикон уагæй дæр.

Скъолайы ахуыр кæны фæндзай адæймаджы. Фæсахуыр сын нæ ратдзысты нæдæр сертификат, нæдæр æрдæр æвдисæндар. Фæлæ сæ хъæудзæн сисын видеоролик – рауагъдадон куыст.

Кинойы скъола дарддæр кусдзæн æви нæ, уый сбæрæг кæндзæн радон грант. Фæлæ Тыбылты Æхсары проекты фæд уæддæр уыдзæн бæрæг. Фидæны нæ республикæйы видео æмæ кинойы къабазы айхъуысдзысты нæмттæ. Уыдон æнæмæнгæй, æрбахæсдзысты ног комулæфт.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania