Адæмимæ кусдзысты психологтæ, юристтæ æмæ хъомылгæнджытæ
Рæстæгмæ цæрæн бынат ссарын, специалистты узæлд банкъарын. Дзæуджыхъæуы мæйы кæрон фæнд кæнынц, сæ бинонты *хсæн *фхæрд чи баййæфта, Цæгат Кавказы цæрæг ахæм сылгоймæгтæн æмæ сывæллæттæн фыццаг кризисон центр байгом кæнын. Адæмимæ кусдзысты психологтæ, юристтæ æмæ хъомылгæнджытæ. Проект царды рауадзын бантыст сывæллæтты æххуысы Фонды гранты фæрæзты руаджы.
Рæстæгмæ цæрæн бынат ссарын, специалистты узæлд банкъарын… Ацы хайад йæ разамонджытæ хонынц æххуысгæнæн бынат сылгоймæгтæн æмæ сывæллæттæн. Уымæн æмæ центры фидæны цæрджытæй алкæмæн дæр ис йæхи истори: чидæр йæхиуыл банкъардта *фхæрд, бинонты * хсæн цæргæйæ æмæ ралыгъд, кæмæндæр та нæй хи хæдзар. Алы сылгоймаг дæр у психологон æххуысхъуаг. Уыдонæн фадат ис спайда кæнын специалистты зонындзинæдтæй юридикон хъуыддæгты дæр. Зæгъæм, сылгоймæгтæн æххуыс кæндзысты сæ сывæллæттæн социалон фиддонтæ райсынæн.
Алы сылгоймагимæ дæр кусдзысты психологтæ. Уыдоны фæткмæ гæсгæ адæймаг рæвдздæр ферох кæндзæн, бинонты *хсæн цæргæйæ цы *фхæрд æййæфта, уый. Специалисттæ ацыдысты ахуыртæ Тулæйы. Уым сæ фæлтæрддзинад фæбæрзонддæр кодтой, се *мхуызон психологтимæ архайгæйæ. Ныр сæ зонындзинæдтæй пайда кæндзысты Дзæуджыхъæуы. Социалон æххуысы куыстуæтты 12 специалистæн ахуыртæ сарæзтой центр «Мæ бинонтæ»-йы зондамонджытæ. Уыцы ахуырты руаджы æрмæст ног информациимæ нæ базонгæ сты, фæлæ архайдтой алыхуызон фæлтæрæнтæ кæнын дæр.
Кризисон хайады ис цæрынæн хъæугæ æрмæг. Сынтæджытæ æххуысхъуаг адæмæн, хæрæндон, найынæн уæттæ æмæ психологон æххуысы агъуыстытæ. Центры цæрынæн фадат ис 4 бинонтæн æртæ мæйæ æхсæз мæйы онг.
Психологтæ, юристтæ æмæ хъомылгæнджытæ – кусджытæй æххæст у центр. Проект царды уагъд æрцыд сывæллæттæн æххуысы Фонды гранты фæрæзты руаджы. Куыстуат у, сæ хæдзæртты *фхæрд чи баййæфта – Цæгат Кавказы цæрæг ахæм сылгоймæгтæн æмæ сабитæн, фыццаг кризисон хайад. Йæ дуæрттæ байгом кæндзæн апрелы кæрон.




