Бирæ азты дæргъы камерон Капеллæйы оркестры цыдысты ивддзинæдтæ. Фæлæ æнæивгæ уыд иу хъуыддаг – кæддæриддæр фæндаг ардта аивадуарзджыты зæрдæмæ
Дзæуджыхъæуы Мариинаг театры филиалы фыццаг хатт арæзт æрцыд Санкт-Петербурджы Капеллæйы Симфонион оркестры концерт. Бирæ азты дæргъы камерон Капеллæйы оркестры цыдысты ивддзинæдтæ. Фæлæ æнæивгæ уыд иу хъуыддаг – кæддæриддæр фæндаг ардта аивадуарзджыты зæрдæмæ. Сæйраг дирижер, Уæрæсейы адæмон артист Александр Чернушенкойы разамындæй ацы хатт музыканттæ ацагътой сæрмагонд программæ. Азæлыдысты Джордж Герщвины, Дюк Эллингтоны, Аарон Копленды, Стиви Уандеры æмæ æндæр зындгонд музыкантты уацмыстæ. Санкт-Петербурджы Капеллæйы камерон оркестр сси фыццаг уырыссаг паддзахадон симфонион оркестры фæдон. Бындур ын æвæрд æрцыд 1882-æм азы, æмæ хуынди Придворный музыкантный хор.




