филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:13 суббота, 28 сентября 2024
29 октября 2020, 12:27
Дзæуджыхъæуы Марковы уынджы цæрæн хæдзæр хаст æрцыд бындурон цалцæджы программæмæ

2021-æм азы йыл сæххæст уыдзæн 70 азы

Дзæуджыхъæуы Марковы уынджы цæрæн хæдзæр хаст æрцыд бындурон цалцæджы программæмæ. 2021-æм азы йыл сæххæст уыдзæн 70 азы. Юбилей сбæрæг кæндзысты егъау рацарæзтæй, уымæн æмæ хæдзар нымад у культурон бынты объектыл. Ныхасы бар нæ уацхæссæг Гæджиты Сосланæн.

Конструкцитæ нæ баивдзысты, фæлæ сæ рацараздзысты. Уый та у зындæр æмæ домы фылдæр рæстæг. Фæлæ хæдзар уый аккаг у. Нымад æрцыд культурон бынты объектыл. Уымæ гæсгæ цалцæггæнæн куыстытæ дæр хъуамæ цæуой хицæн фæткмæ гæсгæ.
Куыстытæ цы организаци кæны, уымæ хъуамæ лицензи уа Уæрæсейы культурæйы министрадæй. Специалисттæ бæстон æвзарынц арæзтадон æрмæджытæ.
Марковы уынджы хæдзары рагондæр цæрджытæй иу у 91-аздзыд Акоп Захарянц. Куыд радзырдта, афтæмæй ам цæры йæ сабибонтæй фæстæмæ. Æрцардысты йæ бинонтимæ, куыддæр хæдзар арæзт æрцыд, афтæ.
Куыстытæ куыд цæуынц, уымæ йæ цæст дары культурон бынты объекттæ хъахъхъæныны Комитет. Рацараздзысты фæздæгцæуæн хæтæлтæ дæр, кæд æмæ сын ахадындзинад нал ис, уæддæр. Сты арæзтады иумæйаг композицийы æнæивгæ хай. Уæвгæ, хæдзар канд йæ азтæй дисы не фтауы, фæлæ ма дзы цы зындгонд адæм царди, уымæй дæр.
Хæдзары сæры хъæдæй конд æрмæджытæ байсæрстой сæрмагонд æрмæгæй. Тæссаг ын нæ уыдзæн зынгсирвæзтæй æмæ æндæр æрдзон фæзындтытæй. Сæйраг куыстытæ фæуын нысан кæнынц ацы азы кæрон.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania