филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:57 суббота, 06 декабря 2025
29 августа 2025, 10:34
Дзæуджыхъæуы минæвæртты сконды депутаттæ федтой горæты рæвдауæндæтты уавæр

Кусæг къорд бабæрæг кодта скъолайы агъоммæйы 7 ахуыргæнæдоны

Дзæуджыхъæуы минæвæртты сконды депутаттæ федтой горæты рæвдауæндæтты уавæр. Кусæг къорд бабæрæг кодта скъолайы агъоммæйы 7 ахуыргæнæдоны. Сæйраг фарстаты хсæн раиртæстой бакусинаг хъуыддæгтæ. Бæлвырддæр та – хъармгæнæн системæйы, канализацийы æмæ электрон тыхдæттæг коммуникацитæ. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæстондæр хабæрттæ.

Ивгъуыд азы кæрон дæр ма 91-æм рæвдауæндоны скъоламæ цæттæгæнæн къорды агъуыст уыд æмбæлгæ уавæры, фæлæ ацы азы райдиан сабиты бахъуыд æндæр бынатмæ раивын.  Йæ разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, хъарм пъолы хæтæлтæ стыдтой æмæ сæ фыцгæ дон ракалд. Уæд ивд æрцыдысты хъармгæнæнтæ, фæлæ уавæр нæ фæхуыздæр, Дзæуджыхъæуы минæвæртты сконды  депутаттæн радзырдта рæвдауæндоны разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг.

Рæвдауæндоны хъомыл кæнынц 250 сабийы. Горæты ацы микрорайоны цæрджытæ сæ сывæллæтты æхсызгонæй хонынц ардæм. Йæ кусджытæ æууæндынц, депутатты руаджы скъолайы агъоммæйы ахуырадон куыстуат тагъд рæстæг цалцæггонд кæй æрцæудзæн, ууыл. Æмæ уæд йæ хъомылгæнинæгты нымæц дæр фæфылдæр уаид.  Кусæг къордæн 75-æм рæвдауæндоны риссаг фарстаты тыххæй радзырдта йæ разамонæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй чысыл не сты. Сæ сæйрагдæртæ – канализацийы æмæ хъармгæнæн системæты куыст.   Хъармгæнæн системæ кусы къуылымпытимæ: къæридоры тæвд вæййы, иннæ агъуыстыты та – рæстæгæй рæстæгмæ. Уый тыххæй хъомылгæнджытæ арæх фæпайда кæнынц электрон хъармгæнæнтæй. Фæлæ уыцы æрхъуыдыдзинадæй фарста алыг кæнæн нæй.

Кусæг къорд бабæрæг кодта 85-æм рæвдауæндон дæр. Ам дæр риссагдæр фарстатæ сты коммуникацитимæ баст. Уыдонæй уæлдай ма кусджытæ хъаст кæнынц сæ санитарон бынæтты уавæрæй. Рæвдауæндоны ис 6 къорды. Йæ хъомылгæнинæгты нымæц хæццæ кæны 120.

Дзæуджыхъæуы минæвæртты сконды депутаттæ бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы 7 рæвдауæндоны. Сæ уавæртæм сын æркастысты горæты администрацийы ахуырады æмæ арæзтады управлениты специалисттимæ иумæ. Сбæлвырд кодтой лыггæнинаг фарстатæ. Дарддæр цæттæ кæндзысты цалцæггæнæн куыстытæ райдайынæн хъæугæ проектон-сметон гæххæттытæ.

Куыстыты цыд æмæ хæрзхъæддзинад бæрæггæнæг кусæг къорд арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы минæвæртты сконды сæрдар Таболты Сергейы уынаффæмæ гæсгæ.  Скъолайы агъоммæйы ахуырады куысуæтты уавæрмæ æркаст депутаттæ сарæзтой 88-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинæгты ныййарджыты курдиаты фæстæ. Уым кусынц инклюзивон ахуырадон программæмæ гæсгæ. Фæлæ уыцы ахсджиаг хъуыддаг æххæстгонд цæуы, йæ уавæртæ бынтон хорз кæмæн не сты, ахæм бæстыхайы. Къæвдаты рæстæг  царæй фæуары, пъадвал та донæй байдзаг вæййы. Кусæг къорд куыд рабæрæг кодта, афтæмæй бирæ рæвдауæндæттæн хъæуы сæ уавæртæ фæхуыздæр кæнын. 80-æм азты арæзт бæстыхæйттæ бындурон цалцæг иу хатт дæр нæма уыдысты.

Депутаттæ рабæрæг кодтой 27 цалцæггæнинаг рæвдауæндоны. Æппæт куыстытæн бахъæудзæн 106 милуан сомы. Радих уал кодтой 25. Уыцы фæрæзты руаджы цалцæггонд æрцæудзысты 7 рæвдауæндоны.

Æркасты руаджы бæрæггонд æрцыдис рæвдауæндæтты уавæр.  Дзæуджыхъæуы минæвæртты сконды депутатты хъуыдымæ гæсгæ, æппæты фыццаг уал алыг кæнын хъæуы, иргъæвæн кæмæн нæй, ахæм фарстатæ. Кусæг къорд уал сбæрæг кодта сæ ахсджиагдæртæ 7 рæвдауæндонæн, рады – иннæ скъолайы агъоммæйы ахуырады куыстуæттæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania