Партийы номæй курдиæттæ балæвæрдтой 12 кандидаты
Дзæуджыхъæуы минæвæртты сконды 8-æм æмбырды депутаттæм кандидаттæ бахæссыны фарстатыл æрдзырдтой парти «Новые люди»-йы регионалон хайады фыццаг конференцийы. Форумы куысты архайдтой Цæгат Ирыстоны æвзарæн къамисы минæвæрттæ. Партийы номæй курдиæттæ балæвæрдтой 12 кандидаты. Конференцийы фæлгæты сфидар кодтой къамисы хыгъд, секретарь, сбæлвырд кодтой эмблемæ æмæ партийы мыхуыр. Снысан кодтой æвзарæн иугонды æххæстбарджын минæварады æмæ финансон фарстатæн дзуапп чи дæтдзæн, ахæм адæймаджы. Цæгат Ирыстоны официалон æгъдауæй кусын райдыдтой 8 æвзарæн къамисы. 7-æм æмæ 8-æм сентябры республикæйы ацæудзысты Дзæуджыхъæуы минæвæртты сконды депутатты æвзæрстытæ. Уымæй уæлдай сног уыдзысты Беслæны, Черменыхъæуы æмæ Хъызлары, минæвæртты сконды уæнгтæ. Æвзæрст цæудзæн Ногиры, Калининскийы æмæ Киевскийы хъæуты сæргълæуджытæ дæр. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны регистрацигонд ис 23 политикон партийы регионалон хайады. Се ппæтæн дæр сæ бон у æвзæрстыты архайын. Республикæйы фæстагмæ регистрацигонд æрцыди парти «Новые люди»-йы хайад.




