Уымæй размæ та адæм курдиæттæ рвыстой горæты администрацимæ
Рагæйдæр заууатмæ чи рцыди, ахæм канализацион хæтæлтæ, пырх фæндаг æмæ афæлдæхынæй тæссаг кæмæн у, ахæм телыхъæдтæ. Æппæт ацы лыггæнинаг фарстатæ сты Дзæуджыхъæуы Митькины уынджы. Цæрджытæ сæ хъаст бахастой Адæмон фронтмæ. Уымæй размæ та адæм курдиæттæ рвыстой горæты администрацимæ. Адæмон фронты специалисттæ ацыдысты бынатмæ æмæ сæхи цæстæй федтой сæвзæрд уавæр. Семæ уыди не сфæлдыстадон къорд дæр. Бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.
Канализацион системæ æмæ дондзæуæн хæтæлтæ кæй атонынц, уый Митькины уынджы стæм хатт хъуыддаг нæу. Машинæты фæндаг, кæртытæ æмæ пъадвалтæ донæй байдзаг вæййынц. Сæхи хъарутæй адæмæн сæ бон нæу уавæр сраст кæнын.
Адæм æххуыс бацагуырдтой Адæмон фронтæй. Къæвда бон ацы уынджы ацæуæн нал вæййы. Тæвд бон та рыджы бын вæййы, цæрджытæн сæ бон рудзгуытæ байгом кæнын дæр нæ вæййы. Митькины уынджы цæрджытæ бирæ азты дзуапдæттæг оргæнтæй курынц, цæмæй сын сæ фæндагмæ базилой, фæлæ сæм рад нæ хæццæ кæны. Алы фсонтæй афæдзæй-афæдзмæ хъуыддаг йæ бынатæй не змæлы.
Иннæ тæссаг хъуыддаг, афæлдæхыны онг чи рцыдысты, уыцы телыхъæдтæ. Ацы уынджы цæрджытæ зæгъынц, дыууæ дзы уый размæ афæлдæхтысты дымгæты рæстæг. Кæцыдæр телыхъæдтæ специалисттæ аивтой, иннæтæ æнхъæлмæ кæсынц радмæ. Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй тæрсынц сывæллæттæй искæуыл куы рахауой, ууыл. 5 азы сæ хъуыдыгæнæг нæй. Адæммæ сæ курдиæттæн ис дзуæппытæ. Фæлæ, уый дæр ницæуыл дзурæг у. Къæвда уа, æви дымгæ, Митькины уынджы цæрджытæ вæййынц тæссаг уавæры.
Сæвзæрд уавæрмæ Адæмон фронты рдыгæй цæуы бæстон цæстдард. Цы дзы рауайдзæн, уымæн та уыдзыстæм æвдисæн.




