филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:24 суббота, 28 сентября 2024
13 ноября 2019, 17:58
Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбег фембæлд республикæйы цæрджытимæ

Сæ фарстаты фылдæр хай баст уыд хæдзæртты кæртыты территорийы аивдзинадимæ æмæ цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæнынимæ

Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбег фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Сæ фарстаты фылдæр хай баст уыд хæдзæртты кæртыты территорийы аивдзинадимæ æмæ цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæнынимæ. Иуæй-иу кæртыты нæй къахвæндаг, уымæ гæсгæ фистæгæйцæуджытæн æндæр гæнæн нæ вæййы, æмæ рацæуынц фæндагмæ. Уый сæвæзæрын кæны тæссаг уавæр. Уæлдайдæр та скъоладзаутæн. Икъаты Русланбег фарста алыг кæнынæй зæрдæ бавæрдта. Ахæм уавæр ис бирæ хæдзæртты кæртыты. Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæуæг ма фехъусын кодта, 2020-æм аз кæй снысан кодтой амброзиимæ тох кæныны азæй. Зæрдæ дарæн ис, иумæйаг хъарутæй ацы хъуыддагыл дæр бакусæн кæй уыдзæн, ууыл. Цæрджытимæ фембæлд цыди 2 сахаты. Бафиппайдзыстæм ма уый дæр, æмæ Икъаты Русланбегимæ фембæлдмæ хи ныффыссæн ис сæрмагонд телефоны номырæй: 8672 55 08 91. Уымæй дарддæр курдиат бадæттæн ис социалон хызты Инстаграм æмæ Фейсбукы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania