филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:45 понедельник, 15 декабря 2025
24 декабря 2019, 12:26
Дзæуджыхъæуы ног арæзт хæдзæрттæй иуы арæх ахуыссын кæнынц нуазыны дон

Уæвгæ та Магкæты Зурабы уынджы бирæфатерон хæдзæрттæ эксплуатацийы радтой раджы, фæлæ æнæ хъæугæ инфраструктурæйæ

Бон цухæй – дон хъуаг. Дзæуджыхъæуы ног арæзт хæдзæрттæй иуы арæх ахуыссын кæнынц нуазыны дон. Уæвгæ та Магкæты Зурабы уынджы бирæфатерон хæдзæрттæ эксплуатацийы радтой раджы, фæлæ æнæ хъæугæ инфраструктурæйæ. Зæгъæм, ацы мæй дондзæуæн системæйы куыст фæкъуылымпы 15 хатты. Цæмæн афтæ рауад, уый тыххæй радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Магкæты Зурабы номыл уынджы 2-æм хæдзары цæрджытæй иу Валерий Кандауров уынджы кърантмæ ведраимæ бон цалдæр хатты æрбацæуы. Хæдзарæн разамынддæттæг компанийы директор Цгъойты Дзамболат зæгъы, цæмæй адæм бынтон анæдонæй ма бахззайой, уымæ гæсгæ пъадвалы доны хæтæл ракодтой уынгмæ.

Цгъойты Дзамболат æмбарын кæны лыггæнинаг фарста у системæ йæхæдæг. Ног хæдзæрттæ самадтой, фæлæ хъæугæи инфраструктурæ арæзт не рцыд. Афтæмæй чысыл къуылымпыдзинад куы фæзыны, уæддæр тæвддæттæг хæтæлты доны цыд бауромы. Æмæ цалынмæ специалисттæ хæтæлты уæлдæф нæ рауадзынц, уæдмæ дон нæ кæлы.

Ног хæдзармæ зæрдæрайгæйæ балыгъдыстæм, зæгъы Александр Воронин, фæлæ уый хыгъд райстой сæрниз. Мæй дзы нæма цæрынц, афтæмæй донæй цух уыдысты 15 хатты. 

Дзæуджыхъæуы дондзæуæн хызæгты  уавæр æмбарын кæнынц афтæ

Донзæуæн хызæгты кустуат зæрдæ æвæрынц хæстæгдæр рæстæг кæй алыг кæндзысты фарста. Нысан кæнынц кусæнгæрзтæ баивын æмæ донцъирæн системæ сцалцæг кæнын. Куыстытæм бавналдзысты ног азы фæстæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania