филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:21 суббота, 29 июня 2024
16 февраля 2022, 11:32
Дзæуджыхъæуы ног арæзтæдты квадратон метры аргъ зынгæ фæбæрзонддæр

Уæдæ ног арæзт хæдзар куы нæ уа, уæддæр уавæр хуыздæр нæу

Æргътæ бонæй-бон уæлдæр кæнынц. Дзæуджыхъæуы ног арæзтæдты квадратон метры аргъ зынгæ фæбæрзонддæр. Уæдæ ног арæзт хæдзар куы нæ уа, уæддæр уавæр хуыздæр нæу. Уыимæ, рæзы бæстыхæйтты арæзтад дæр. Цæрæнуæттæ кæй фæзынаргъдæр сты, уый аххосаг цы у? Ацы фарстайæн дзуапп базонæн ис Сосранты Жаннæйы æрмæгæй.

Цæрæнуат балхæныны аргъ зынгæ сырæзт. Фæстаг дæс азмæ уыцы иу рæстæг уыйас фыццаг хатт фæфылдæр цæрæнуаты аргъ.  Дзæуджыхъæуы ног арæзт хæдзары иу квадратон метры аргъ фæфылдæр, рæстæмбис нымадмæ гæсгæ -15%. Зынаргъ кæнын райдыдта азы кæрон.

Йæ фæзуат 60 квадратон метры кæмæн у, ахæм дыууæуатон фатеры аргъ Дзæуджыхъæуы у  5 милуан сомы. Уый уайы 80 мин сомы иу квадратон метрæн.   Дыууæ азы размæ та ахæм фатер балхæнæн уыд дыууæ хатты къаддæр аргъæй.

Пандеми зынгæ фæбæрæг цæрæнуæтты æмæ æндæр бæстыхæйтты аргъыл. Иуæй – æргътæ фæуæлдæр сты, иннæмæй та арæзтад дæр кæны парахатдæр.

Ног цæрæнуæттæ саразын у национ проект  «Жилье и городская среда»-йы нысан.  Сæйрагдæр  домæн у – бинонты бон куыд уа хæдзар балхæнын.

Фæлæ Паддзахадон программæты фæрцы нæ бантыст фарста алыг кæнын.  Хæдзæртты фылдæр хай исынц  ипотекæйы. Цы кæнгæ у?  2019 азы Центрон банк фæныллæгдæр кодта  ипотекæ райсыны аргъ.  Йæ нысан уыд, хæдзæрттæ чи аразы, уыдонæн баххуыс кæнын.

Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты базарад, экспертты хъуыдымæ гæсгæ, у эконом – къласы цæрæнуæттæ хъуаг.

Ай та у бетон аразæг автоматизацигонд завод. Компани «21 век» – абон нымад у арæзтадон æрмæджытæ аразæг раззагдæр куыстуæттæй иу Цæгат Ирыстоны. Нырыккон куыстуат активонæй архайы сæ куыст фæхъомысджындæр кæныныл. Уыимæ аразынц сæхи хомаг, цæмæй квадратон метры аргъ фæныллæгдæр уа, уый тыххæй.

Арæзтадон æрмæджыты аргъ зынгæ фæфылдæр, зæгъынц къабазы кусджытæ. Ивгъуыд аз фæззæджы бантыст æргъты уæлæмæцыд æрлæууын кæнын. Фæлæ уый федералон æргътыл нæ парахат кæны. Бынæттон куыстуæттæ кæй уадзынц, уыцы арæзтадон æрмæджытæ сты асламдæр, æмæ афтæмæй æххуыс цæуы бынæттон компанитæн.

Республикæйы разамынды хъуыдымæ гæсгæ регионы экономикæйы  сæйрагдæр къабаз хъуамæ рæза, уыимæ сæмраст уыдзæн цæрæнуаты аргъ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania