филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:16 суббота, 28 сентября 2024
02 января 2021, 22:12
Дзæуджыхъæуы Ног азы рæсугъддæр кæрт скæныны конкурсы архайдта 15 кæрты

Хатдзæгтæ сбæрæг уыдзысты иннæ къуыри.

Фæстаг цалдæр азы Ног азы агъоммæ Дзæуджыхъæуы цæрджытæ саив кæнынц сæ кæртытæ. Фæархайынц конкурсты. Ног азы æнкъарæнтæ сæхицæн балæвар кодтой Весеннийы æмæ Ларионовы уынджы хæдзæртты цæрджытæ дæр. Уæвгæ, ацы аз, Ног азы рæсугъддæр кæрт скæныны конкурсы архайдта 15 кæрты. Хатдзæгтæ сбæрæг уыдзысты иннæ къуыри. Бæлвырддæр Касаты Наирæ.

Ног азы æнкъарæнтæ сæхицæн балæвар кодтой Весеннийы уынджы хæдзæртты цæрджытæ дæр. Алыхуызон ирд цырæгътæ æмæ заз бæлæстæ афтæ зынынц, цыма адæймаг аргъæутты дунейы февзæрд. Цæмæй æхсызгон æнкъарæнтæ зæрдыл бадарай, уый тыххæй та  кæрты сæвæрдтой фотозонæ. Рæсугъддзинад рæвдауы алы адæймаджы цæст дæр, уæлдайдæр та сывæллæтты.

Фарон дæр Ног азмæ ацы кæрт саив кодтой рагагъоммæ. Уæд конкурсы бацахстой фыццаг бынат. Ацы хатт æрхъуыды кодтой ногдзинæдтæ. Кæрт саив кодтой сагтæ æмæ дзоныгътæй. Цæрджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сын ахæм рæсугъддзинад скæнын æнцон хъуыддаг нæ уыди.

Ларионовы уынджы цæрджытæ конкурсы архайынц ныр цыппæрæм аз. Амæй размæ иу алы хатт дæр разындысты æппæтæй хуыздæр. Ацы аз дæр сæхи бацæттæ кодтой зæрдиагæй. Æнæхъæн кæртæй ныв кодтой декорацитæ.

Кæрты астæуæй сæвæрдтой стыр къопп. Скодтой йæ лæвары хуызы. Йæ фарсмæ та кæрты цæрджыты хуызистытæ.

Ацы аз, Ног азы рæсугъддæр кæрт скæныны конкурсы архайдта 15 кæрты. Хатдзæгтæ сбæрæг уыдзысты иннæ къуыри.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania