филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:56 среда, 17 декабря 2025
21 мая 2025, 10:46
Дзæуджыхъæуы ноггонд районтæ уыдзысты цъæх фæлысты зонæтæ æмæ зæрдæмæдзæугæ фæлладуадзæн бынæттæ

Куыстытæ цæуынц, национ проект «Цардæн инфраструктурæ» æххæст кæнгæйæ

Цъæх фæлысты зонæтæ, нырыккон æмæ зæрдæмæдзæугæ фæлладуадзæн бынæттæ. Ахæм хуызы тагъд рæстæджы уыдзысты Дзæуджыхъæуы ноггонд районтæ. Егъау аивгæнæн куыстытæ уыцы-иу рæстæг цæуынц цалдæр уаццаджы. Уæлдай æргом здæхт цæуы сквертæм, Терчы былгæрæттæм, æмæ адæм сæ фæллад кæм уадзынц, уыцы бынæттæм. Куыстытæ цæуынц, национ проект «Цардæн инфраструктурæ» æххæст кæнгæйæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Павлик Морозовы номыл уынджы сквер Промышленнон районы иунæг фæлладуадзæн бынат у. Горæты администраци райдыдта ам цалцæггæнæн куыстытæ. Рацарæзт цæудзæн 2 къæпхæны национ проект «Инфрастуктурæ – цардæн» æххæстгæнгæйæ.

Горæты администрацийы куыд фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ фæлладуадзæн бынат алыхуызон дидинджытæй саив кæнын фæнд кæнынц ног азы, уалдзæджы.

Цалцæг кæнынц æхсæнадон бынат Къостайы проспекты – Уæрæсейы трамвайты æппæты хуссардæр æрлæууæны фарсмæ. Куыстытæ цæуынц къæпхæнгай, ацы аз рацараздзысты иу мин квадратон метры бæрц территори.

Рацараздзысты Терчы былгæрон Плиты Иссæйы цыртдзæвæны алыварс. Ныридæгæн уал ын систой йæ зæронд асфальт æмæ райдыдтой æвæрын ног бордюртæ.

Цалцæджы фæстæ ацы ран фæзындзысты цырæгътæн ног цæджындзтæ, бадæн бынæттæ, урнæтæ æмæ херыгæнæнтæ. Сæвæрдзысты дзы брусчаткæ. Рацарæзты иннæ къæпхæн та апарахат уыдзæн Терчы былгæрон цæнгæт хидæй уазæгдзæрæн «Дзæуджыхъæу»-ы онг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania